Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 4:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Уыцы заман Каины фӕдон Хевер кенӕгтӕй, Моисейы каис Ховавы фӕдонтӕй йӕхи фӕхицӕн кодта. Кедешмӕ хӕстӕг, Цаананнимы тулдзы цур, йе ’фсадимӕ рӕсӕнуат скодта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 4:11
13 Iomraidhean Croise  

Мидианы сауджын Ифро, Моисейы каис, фехъуыста, Хуыцау Моисей ӕмӕ Йӕ адӕмӕн, Израилӕн, стыр хӕрзты кӕй бацыд ӕмӕ сӕ Дунедарӕг Мысыры зӕххӕй кӕй ракодта, уый.


Чызджытӕ сӕ фыд Реуелмӕ куы баздӕхтысты, уӕд сӕ уый бафарста: «Абон цӕй тагъд уыдыстут?»


Моисей хызта йӕ каис Ифройы, мидианаг сауджыны, лыстӕг фос. Иуахӕмы дзуджы фӕстӕ дзӕвгар бауад ӕдзӕрӕг быдыры ӕмӕ бафтыди Хуыцауы хох Хоревы рӕбынмӕ.


Моисей загъта Ховавӕн, Реуелы фыртӕн, йӕ мидианаг каисӕн: «Мах цӕуӕм, Дунедарӕг нын раттынӕй зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдта, уырдӕм. Цом махимӕ, ӕмӕ дын хорзы бацӕудзыстӕм, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Израилӕн бирӕ хӕрзтӕй зӕрдӕ бавӕрдта».


Немӕ куы ацӕуай, уӕд дӕу дӕр, Дунедарӕгӕй нӕ цы хорзӕх уа, уымӕй схайджын кӕндзыстӕм».


Ӕркасти Балаам кенӕгтӕм ӕмӕ загъта: «Фидар у дӕ цӕрӕн, къӕдзӕхыл — дӕ ахстон!


Сӕ зӕххы хуссайраг арӕн Хелефӕй ӕмӕ Цаананнимы тулдзӕй скӕсӕнӕрдӕм йӕхи айтыгъта Адами-Некевмӕ ӕмӕ Йавнелмӕ, бахӕццӕ Лакуммӕ ӕмӕ Иорданыл банцад.


Кедеш, Едреи, Ен-Хацор,


Моисейы каисы фӕдонтӕ, кенӕгтӕ, Иудӕйы байзӕддӕгтимӕ Пальмӕты сахарӕй ацыдысты иудейаг ӕдзӕрӕг быдыр Негевмӕ ӕмӕ уым Арады хуссарварс бынӕттон адӕмы ’хсӕн ӕрцардысты.


Сисерамӕ фӕхабар чындӕуыд, Авиноамы фырт Барак Фаворы хохыл ис, зӕгъгӕ.


Иу хатт Деворӕ фӕсидтис Авиноамы фырт Баракмӕ. Уый царди Кедешы сахары, Неффалимы зӕххыл. Куы ’рбацыди, уӕд ын Деворӕ загъта: «Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, зӕгъы дӕуӕн: „Фаворы хохмӕ демӕ Неффалим ӕмӕ Зевулоны хӕдзарвӕндӕгтӕй дӕс мин хӕстоны акӕн ӕмӕ уым ӕрлӕуу.


Кенӕгтӕн афтӕ бафӕдзӕхста: «Амалекӕгты ’хсӕнӕй рацӕут, нӕ мӕ фӕнды уыдонимӕ сымах дӕр бабын кӕнын. Уымӕн ӕмӕ Израилы адӕмӕн, Мысырӕй куы цыдысты, уӕд хӕрзгӕнӕг разындыстут». Ӕмӕ кенӕгтӕ амалекӕгты ’хсӕнӕй рацыдысты.


уӕд-иу ӕй уый бафарста: «Кӕмӕ бабырстат ныр та?» Давид-иу ын дзуапп радта: «Негевмӕ, Иудейы зӕхмӕ», кӕнӕ: «Негевмӕ, йерахмеелонты зӕхмӕ», кӕнӕ та: «Негевмӕ, кенӕгты зӕхмӕ».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan