10 Барак Неффалим ӕмӕ Зевулоны хӕдзарвӕндӕгтӕм Кедешы сахармӕ фӕсидти. Йӕ фӕдыл рацыди дӕс мин хӕстоны, Деворӕ дӕр уыдис йемӕ.
Ууыл Израилы паддзах Бен-Хадады минӕвӕрттӕн загъта: «Мӕ дзуапп ыл сӕмбӕлын кӕнут: дӕхицӕй-иу раппӕл хӕстмӕ цӕугӕйӕ нӕ, фӕлӕ хӕстӕй здӕхгӕйӕ».
Ды сын сӕ алы тӕригъӕд дӕр ӕрымыс, сӕхи сраст кӕнын сӕ ма бауадз!
Дӕ дӕлдӕртӕ мӕм ӕрбацӕудзысты, мӕ разы ӕрзоныг кӕндзысты ӕмӕ мын зӕгъдзысты, ацу ардыгӕй, сӕ сӕргъы кӕмӕн лӕууыс, уыцы адӕмимӕ. Ӕмӕ уӕд ацӕудзыстӕм мах ардыгӕй». Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Моисей, мӕстӕй судзгӕ, рацыди фараоны галуанӕй.
Деворӕ Баракӕн загъта: «Цӕугӕ! Абон дын Дунедарӕг Сисерайы дӕ къухмӕ ратдзӕни. Дунедарӕг Йӕхӕдӕг цӕудзӕн дӕ разӕй!» Барак дӕс мин хӕстонимӕ Фаворы хохы сӕрӕй ӕрцыди.
Иу хатт Деворӕ фӕсидтис Авиноамы фырт Баракмӕ. Уый царди Кедешы сахары, Неффалимы зӕххыл. Куы ’рбацыди, уӕд ын Деворӕ загъта: «Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, зӕгъы дӕуӕн: „Фаворы хохмӕ демӕ Неффалим ӕмӕ Зевулоны хӕдзарвӕндӕгтӕй дӕс мин хӕстоны акӕн ӕмӕ уым ӕрлӕуу.
Иссахары фӕтӕгтӕ дӕр — Деворӕимӕ! Иссахар Баракы фӕдыл дӕлвӕзмӕ куы ныййарц! Рувимы фӕдонтӕ та хъаугъа куы кӕнынц!
Мӕлӕты размӕ бырстой Зевулоны фӕдонтӕ, семӕ Неффалим дӕр — быдыры къуыбыртыл!
Менассиайы мыггагмӕ дӕр фӕдисӕттӕ арвыста, ӕмӕ уыдон дӕр хӕстмӕ рацыдысты. Ноджы ма фӕдисӕттӕ арвыста Асир, Зевулон ӕмӕ Неффалимы байзӕддӕгтӕм, ӕмӕ йӕ размӕ рацыдысты.
Мӕнӕ дӕ цагъар ме ’лдарӕн цы лӕвӕрттӕ рахаста, уыдон. Ме ’лдары фӕсдзӕуинтӕн лӕвӕрд ӕрцӕуӕнт.