9 Израилӕгтӕ Дунедарӕгмӕ скуывтой, ӕмӕ сын Уый радта ирвӕзынгӕнӕджы, Гофниелы, Калевы кӕстӕр ӕфсымӕр Кеназы байзӕддаджы.
Ды сӕ фыдгулты къухмӕ радтай, ӕмӕ сӕ уыдон уынгӕг кодтой. Фӕлӕ-иу удаистӕй Дӕумӕ куы сдзынӕзтой, уӕд та-иу сӕм Ды уӕларвӕй ӕрыхъуыстай, Де стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ-иу сын ирвӕзынгӕнджытӕ ӕрӕрвыстай ӕмӕ та-иу сӕ уыдон се знӕгты къухӕй ирвӕзын кодтой.
Ме знӕгтӕн сӕ цӕстыты раз мын фынг ӕрӕвӕрдтай, мӕ сӕр мын оливӕйы сойӕ байсӕрстай: мӕ кӕхц кӕлы йӕ былтӕй.
Сахар бацахста Гофниел, Калевы ӕфсымӕр Кеназы фырт, ӕмӕ йын Калев йӕ чызг Ахсайы радта.
Сахар бацахста Гофниел, Калевы кӕстӕр ӕфсымӕр Кеназы фырт, ӕмӕ йын Калев йӕ чызг Ахсайы радта.
ӕмӕ Дунедарӕгмӕ скуывтой: «Тӕригъӕдджын стӕм Дӕ разы! Нӕ Хуыцауы ныууагътам ӕмӕ Баалтӕн лӕггад кӕнын райдыдтам!»
Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ-иу Дунедарӕг израилӕгтӕн радта фӕтӕджы, цӕмӕй сӕ уый абырджытӕй фервӕзын кӕна.
Дунедарӕг-иу израилӕгтӕн ног фӕтӕджы куы радта, уӕд-иу йӕ фарсмӕ уыди Йӕхӕдӕг. Уымӕн ӕмӕ сын Дунедарӕг тӕригъӕд кодта, се знӕгты ӕфсондзы бын куыд хъӕрзынц, уымӕ кӕсгӕйӕ.
Ӕстдӕс азы фӕстӕ Дунедарӕгмӕ скуывтой, ӕмӕ та сын се ’хсӕнӕй ног фӕтӕджы сӕвзӕрста. Уый уыди Герайы фырт Ехуд, Бениамины хӕдзарвӕндагӕй. Ехуд уыди галиуӕг. Израилӕгтӕ йӕ Моавы паддзах Еглонмӕ хъалонимӕ куы арвыстой,
Дунедарӕг сӕм смӕсты ис ӕмӕ сӕ Арам-Нахараимы паддзах Кушан-Ришатаимы дӕлбар бакодта.
Сисерамӕ уыдис фарастсӕдӕ ӕфсӕн тохуӕрдоны. Ссӕдз азы дӕргъы израилӕгты хъизӕмарӕй фӕмардта, ӕмӕ та Дунедарӕгмӕ скуывтой.
Мидианӕгтӕй фервӕзыны тыххӕй израилӕгтӕ Дунедарӕгӕй ӕххуыс агурын куы райдыдтой,
Уӕ фыдӕлтӕ Дунедарӕгмӕ сдзынӕзтой ӕмӕ загътой: „Фӕтӕригъӕдджын стӕм, ныууагътам Дунедарӕджы ӕмӕ куывтам Баалтӕ ӕмӕ Астартӕтӕм. Фӕлӕ нӕ ныр фервӕзын кӕн не знӕгтӕй, ӕмӕ кувдзыстӕм Дӕумӕ“.