Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 3:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Израилӕгтӕй сӕ Хуыцау ферох ис, тӕригъӕды бацыдысты, Баалтӕ ӕмӕ Ашерӕтӕн лӕггад кодтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 3:7
28 Iomraidhean Croise  

Ноджы ма скодта Ашерӕйы цӕджындз дӕр. Йӕ размӕ Израилӕн цы паддзӕхтӕ уыд, уыдонӕй ноджы тынгдӕр агайдта Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, маст.


Ныр цу ӕмӕ мын Кармелы хохы сӕрмӕ ӕрӕмбырд кӕн Израилы адӕмы, стӕй Баалы цыппарсӕдӕ фӕндзай пехуымпары, ноджы ма, Иезавелы хардзӕй йӕ гуыбын чи ӕфсады, уыдоны — Ашерӕйы цыппарсӕдӕ пехуымпары».


Табуйаг дуртӕ тӕгӕлтӕ фӕхауын кодта ӕмӕ Ашерӕйы цӕджындзтӕ акалдта. Кӕм уыдысты, уыцы бынӕттӕ мӕрдты стджыты бын фӕкодта.


Ашерӕйы цӕджындз Дунедарӕджы Кувӕндонӕй Йерусалимы фӕссахармӕ Кедроны тӕрфмӕ рахӕссын кодта ӕмӕ йӕ уым басудзын кодта. Йе ’взалытӕ йын бассын кодта, ӕмӕ ӕртхутӕг хуымӕтӕг адӕмы уӕлмӕрдты акалдтой.


Аса йӕ фыды мад Маахайӕн йӕ паддзахы кад айста, Ашерӕйы кадӕн цы ӕлгъаг цӕджындз саразын кодта, уый тыххӕй. Цӕджындз акъуырдта, ныззыгуым ӕй кодта ӕмӕ йӕ Кедроны дӕлвӕзы басыгъта.


Уыдон та Дунедарӕджы, сӕ фыдӕлты Хуыцауы, Кувӕндоныл сыстырзӕрдӕ сты ӕмӕ лӕггад кӕнын райдыдтой Ашерӕйы цӕджындзтӕ ӕмӕ гуымирытӕн. Уый тыххӕй Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджыты Дунедарӕджы азар баййӕфта.


«Хозайы чиныджы» фыст ӕрцыдысты Менассиайы куывд, Хуыцау ӕм Йӕ хъус куыд ӕрдардта, уый, йе ’рфӕсмоны размӕ йӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ йӕ фыдракӕндтӕ иууылдӕр, стӕй кувӕн къуыбыртӕ, Ашерӕйы цӕджындзтӕ ӕмӕ гуымирытӕ кӕмыты скодта, уыдӕттӕ.


Ногӕй сарӕзта, кӕддӕр йӕ фыд Езекиа кӕй ныппырх кодта, уыцы кувӕн къуыбыртӕ, Баалтӕн скодта нывондхӕссӕнтӕ, Ашерӕйӕн — цӕджындзтӕ; табу ӕмӕ лӕггад кодта ӕппӕт уӕларвон стъалытӕн.


Йӕ паддзахиуӕджы ӕстӕм аз, нырма ӕрыгон уыдис, афтӕмӕй Иосиа йе ’ргом сарӕзта Дунедарӕджы, йӕ фыдӕл Давиды Хуыцауы ’рдӕм. Дыууадӕсӕм аз та Иудей ӕмӕ Йерусалим сыгъдӕг кӕнын райдыдта кувӕн къуыбыртӕ ӕмӕ Ашерӕйы цӕджындзтӕй, нывӕфтыд ӕмӕ джиппыуагъд гуымирытӕй.


Ӕгас Израилы зӕххыл Ашерӕйы нывондхӕссӕнтӕ ӕмӕ цӕджындзтӕ фехалын кодта, гуымирыты рыг фестын кодта, будсудзӕн нывондхӕссӕнтӕ ныддӕрӕн кодта. Ӕмӕ уый фӕстӕ ’рбаздӕхти Йерусалиммӕ.


Уый ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕны цад, хуыскъ зӕххыл сабузын кӕны суадӕттӕ.


Ӕмӕ уыцы ран Хуыцау ӕрцӕрын кӕны, уымӕй размӕ сыдӕй чи марди, уыцы адӕмы. Ӕмӕ дзы уыдон сӕхицӕн саразынц сахартӕ,


фӕндаг сын бацамыдта, цы сахары ӕрцӕрӕн ис, уырдӕм.


Сӕ нывондхӕссӕнтӕ сын фехалут, ныппырх сын кӕнут сӕ табуйаг дуртӕ, акалут Ашерӕйы цӕджындзтӕ.


Ӕнхъӕлынц ӕмӕ, кӕрӕдзийӕн цы фынтӕ дзурынц, уыдоны тыххӕй Мӕ адӕм ферох кӕндзысты Мӕ ном, кӕддӕр сӕ фыдӕлтӕ Баалы тыххӕй Мӕ ном куыд ферох кодтой, афтӕ.


Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, цы нывондхӕссӕн саразай, уый раз Ашерӕйы цӕджындз ма ныссадз.


Уӕдӕ афтӕ: дӕхимӕ кӕс, ӕмӕ дӕ рох ма уӕд, дӕхи цӕстӕй цы федтай, уыдӕттӕ, цӕмӕй цӕрӕнбонты дӕ зӕрдыл лӕууой ӕмӕ дзурай дӕ цотӕн ӕмӕ дӕ цоты цотӕн.


Макуы уӕ ферох уӕд Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ӕмӕ Йын макуы ахизут Йӕ фӕдзӕхстытӕ, Йе ’гъдӕуттӕ ӕмӕ Йӕ уагӕвӕрдты сӕрты, мӕнӕ уын абон кӕй хъусын кӕнын, уыдоны сӕрты.


уӕд, чи зоны, уӕхиуыл фервӕссат ӕмӕ уӕ ферох уа, Мысырӕй, уацарӕй уӕ Чи ракодта, Уыцы Дунедарӕг, уӕ Хуыцау.


Рох уӕ ма уӕд Дунедарӕг, уӕ Хуыцау: Уый абон дӕр уӕ фыдӕлтимӕ бадзырд нӕ сайы ӕмӕ уын хъару дӕтты, цӕмӕй мулкыл фӕхӕст уат.


Израилӕгтӕ та ногӕй Дунедарӕджы сӕ митӕй мӕсты кӕнын райдыдтой. Уӕд Дунедарӕг афтӕ бакодта, ӕмӕ Моавы паддзах Еглон израилӕгтыл фӕуӕлахиз.


Дунедарӕг сӕм смӕсты ис ӕмӕ сӕ Арам-Нахараимы паддзах Кушан-Ришатаимы дӕлбар бакодта.


Ӕхсӕвы Дунедарӕг Гедеонӕн загъта: «Дӕ фыды рӕгъауӕй хӕрзхаст авдазыккон гал ракӕн ӕмӕ, дӕ фыдмӕ чи ис, уыцы Баалы нывондхӕссӕн ныппырх кӕн. Йӕ фарсмӕ Ашерӕйы цӕджындз дӕр акал.


Гедеоны мӕлӕты фӕстӕ израилӕгтӕ ногӕй тӕригъӕды бацыдысты, Баалтӕн табу кодтой ӕмӕ Баал-Беритӕй сӕхицӕн хуыцау сарӕзтой.


Сӕ Хуыцауы, Дунедарӕджы, сӕ алыварс знӕгтӕй сӕ Чи фервӕзын кодта, Уый та ферох кодтой.


Уӕ фыдӕлтӕ Дунедарӕгмӕ сдзынӕзтой ӕмӕ загътой: „Фӕтӕригъӕдджын стӕм, ныууагътам Дунедарӕджы ӕмӕ куывтам Баалтӕ ӕмӕ Астартӕтӕм. Фӕлӕ нӕ ныр фервӕзын кӕн не знӕгтӕй, ӕмӕ кувдзыстӕм Дӕумӕ“.


Фӕлӕ уӕ фыдӕлтӕ Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, куы ферох кодтой, уӕд сӕ Уый лӕвӕрдта Хацоры ӕфсады хицау Сисерайы къухтӕм, филистимӕгты къухтӕм ӕмӕ моаваг паддзахы къухтӕм. Уыдон хӕцыдысты уӕ фыдӕлтимӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan