Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 3:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Уыцы адӕмтӕ хъуыдысты израилӕгты бафӕлварынӕн: Дунедарӕг Моисейы уылты кӕй бафӕдзӕхста, уыцы ӕгъдӕуттӕ ӕххӕст кӕндзысты ӕви нӕ, уый базонынӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 3:4
7 Iomraidhean Croise  

Моисей скуывта Дунедарӕгмӕ, ӕмӕ йын Уый бацамыдта бӕласмӕ. Моисей дзы иу лыггаг доны ныппӕрста, ӕмӕ дон хӕрзад фестад. Уыцы ран Дунедарӕг израилӕгтӕн сфидар кодта фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ сӕ фӕлвӕрдта.


Ӕцӕг уӕм алыхуызон зондахаст дӕр хъуамӕ уа, уе ’хсӕн фӕлтӕрд чи у, уыдон куыд сбӕлвырд уой, афтӕ.


Левийы тыххӕй загъта: „Дӕ тумим ӕмӕ Дӕ урим — йӕ зӕрдӕ Дыл чи нӕ ивы, Массайы кӕй бафӕлвӕрдтай, Меривайы доны был кӕмӕн уайдзӕф кодтай, уыцы кувӕг лӕгмӕ.


Ӕртасын уӕ кӕныны ӕмӕ, Йӕ фӕдзӕхстытӕн уӕ зӕрдӕйы цы бынат ис, уый базоныны охыл уӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, дыууиссӕдз азы дӕргъы ӕдзӕрӕг быдыры цы фӕндагыл фӕкодта, уый уӕ рох ма уӕд.


Уыцы адӕмтӕ хъуыдысты Израилы бафӕлварынӕн — сӕ фыдӕлтау Дунедарӕджы фӕндагыл цӕудзысты ӕви нӕ, уый базонынӕн.


Ханааны ныхмӕ чи нӕ хӕцыд, уыцы израилӕгты бафӕлварынӕн Дунедарӕг ныууагъта мӕнӕ ацы адӕмты (уадзгӕ та сӕ уымӕн ныккодта, цӕмӕй, хӕсты чи нӕ архайдта, Израилы уыцы фӕлтӕртӕ хӕстон дӕсныйадыл сахуыр уой).


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan