Фӕтӕгтӕ 3:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст3 Уыдон уыдысты филистимӕгты фондз ӕлдарады, стӕй Ливаны хӕхты, Баал-Хермонӕй Лево-Хаматы онг чи царди, уыцы ханаанӕгтӕ, сидойнӕгтӕ ӕмӕ хиввӕгтӕ се ’ппӕт дӕр. Faic an caibideil |
Фондз лӕджы дарддӕр ацыдысты. Лаишы сахармӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд федтой, уыцы ран адӕм сидойнӕгтау ӕнӕмӕтӕй, сабыр ӕмӕ ӕдасӕй кӕй цӕрынц, уый. Сӕ алыварс, чи сӕ ӕфхӕра, сӕ зӕххӕй сӕ чи сура кӕнӕ сын ӕлдариуӕг чи кӕна, ахӕмӕй ничи царди. Сидойнӕгтӕй дард уыдысты, сӕ сыхӕгтӕй та ӕввахс никӕмӕ цыдысты.
Цы сыгъзӕрин мыстытӕ снывонд кодтой, уыдон та уыдысты, фондз ӕлдарӕн дӕлбар чи уыди, уыцы филистимаг сахарты нымӕцмӕ гӕсгӕ — бырухгӕд чи уыди, канд уыцы сахартӕ нӕ, фӕлӕ ӕнӕбыру хъӕуты тыххӕй дӕр. Дунедарӕджы Фидыды Чырын цы стыр дурыл ӕрӕвӕрдтой, уый ныр дӕр ма лӕууы Бет-Шемешы цӕрӕг Йешуайы быдыры.