Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 3:29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

29 Моавӕгтӕй амардтой дӕс минмӕ ’ввахс тыхджын ӕмӕ ӕхсарджын хӕстоны, иу дӕр сын дзы нӕ аирвӕзт.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 3:29
7 Iomraidhean Croise  

уымӕн ӕмӕ фыр нӕрдӕй йӕ цӕстытӕ дӕр нал зынынц, йӕ фӕрстӕ ӕрзӕбултӕ сты.


Арвы къӕй ӕртасын кодта ӕмӕ ӕрхызти дӕлӕмӕ, Йӕ къӕхты бын — саудалынг.


Загътон уын ӕз уӕд: „Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, радта сымахӕн ацы зӕхх, цӕмӕй йӕ уӕхи бакӕнат. Уӕдӕ, хӕстхъомтӕ, араст ут уе ’фсымӕрты, израилӕгты, разӕй, гӕрзифтонгӕй.


Афтӕмӕй Йешуруныл хуыз фӕхӕцыд, ӕмӕ зӕвӕтдзӕгъдӕн систа. Снард сты, сӕ цармы нал цыдысты ӕмӕ коммӕ нал кастысты. Сӕхи атигъ кодтой се Скӕнӕг Хуыцауыл, ныууагътой сӕ ирвӕзӕн Къӕдзӕхы.


ӕмӕ Моавы паддзах Еглоны раз хъалонимӕ ’рлӕууыдис. Еглон уыди тынг хӕрзхуыз лӕг.


Ехуд йӕ адӕмӕн загъта: «Цомут мӕ фӕдыл! Дунедарӕг уын уе знӕгты, моавӕгты, уӕ къухмӕ радта». Израилӕгтӕ Ехуды фӕдыл хӕхтӕй рацыдысты. Иорданы цӕугӕдоны донуайӕнтӕ бацахстой ӕмӕ се знӕгтӕй, моавӕгтӕй, фаллаг фарсмӕ бахизын никӕй уагътой.


Уыцы бон израилӕгтӕ моавӕгтыл фӕуӕлахиз сты. Цыппарыссӕдз азы бӕстӕ уыди сабыр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan