16 уӕд Ехуд йӕхицӕн ӕлмӕринӕй чысыл цыбырдӕр кард саразын кодта. Йӕ рахизфарс ӕй бамбӕхста
Гивоны цур цы стыр дур ис, уымӕ куы баввахс сты, уӕд Амаса сӕ размӕ фӕци. Йоав — йӕ хотыхты, йӕ цирхъ — йӕ астӕуыл баст, ӕмӕ йын цӕугӕ-цӕуын кӕрддзӕмӕй ӕрхауд.
Хуыцауы стауӕн ныхас — сӕ былалгъыл, сӕ къухы — дыкомыг кард,
Уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕтӕрсдзыстӕм, зӕхх куы сӕнкъуыса ӕмӕ хӕхтӕ фурды арфмӕ куы ныккӕлой,
Се ’ппӕт дӕр — фӕлтӕрд ӕфсӕддонтӕ, кӕрдтӕй — ифтонг; алкӕмӕн дӕр — йӕ кард йӕ фарсыл: ӕхсӕвыгон мацӕмӕй уа тас.
Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы ныхас цардӕгас ӕмӕ хъомысджын у, цавӕрфӕнды дыкомыг ӕхсаргардӕй цыргъдӕр: уый бахизы, уд ӕмӕ моны астӕу цы арӕн ис, уымӕ, стджыты магъз ӕмӕ ӕрхӕджытӕм бахӕццӕ вӕййы, тӕрхон кӕны сусӕг фӕндтӕ ӕмӕ хъуыдытӕн.
Йӕ рахиз къухы — авд стъалыйы, Йӕ дзыхӕй ӕддӕмӕ зынди цыргъ дыкомыг цирхъ, Йӕ цӕсгом уыди ӕмбисбоны тӕмӕнкалгӕ хуры хуызӕн.
Пергамы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Цыргъ дыкомыг цирхъ Кӕмӕ ис, Уый афтӕ зӕгъы:
Ӕстдӕс азы фӕстӕ Дунедарӕгмӕ скуывтой, ӕмӕ та сын се ’хсӕнӕй ног фӕтӕджы сӕвзӕрста. Уый уыди Герайы фырт Ехуд, Бениамины хӕдзарвӕндагӕй. Ехуд уыди галиуӕг. Израилӕгтӕ йӕ Моавы паддзах Еглонмӕ хъалонимӕ куы арвыстой,
ӕмӕ Моавы паддзах Еглоны раз хъалонимӕ ’рлӕууыдис. Еглон уыди тынг хӕрзхуыз лӕг.
Уӕд Ехуд, йӕ рахизфарс цы кард бамбӕхста, уый йӕ галиу къухӕй фелвӕста ӕмӕ йӕ ӕд фистон Еглоны гуыбыны ныссагъта. Кард ӕнӕхъӕнӕй нарды бацыд. Ехуд ӕй фӕстӕмӕ нал раласта ӕмӕ ахизӕны уылты рацыди —