Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 3:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Ӕстдӕс азы фӕстӕ Дунедарӕгмӕ скуывтой, ӕмӕ та сын се ’хсӕнӕй ног фӕтӕджы сӕвзӕрста. Уый уыди Герайы фырт Ехуд, Бениамины хӕдзарвӕндагӕй. Ехуд уыди галиуӕг. Израилӕгтӕ йӕ Моавы паддзах Еглонмӕ хъалонимӕ куы арвыстой,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 3:15
22 Iomraidhean Croise  

Амаса йын йӕ иннӕ къухы кард нӕ фӕхъуыды кодта, ӕмӕ йын ӕй Йоав йӕ гуыбыны ныссагъта. Амасайӕн йӕ хуылфыдзаумӕттӕ зӕхмӕ ӕркалдысты ӕмӕ амарди, дыккаг цӕфы сӕр ӕй нал бахъуыд. Йоав ӕмӕ йе ’фсымӕр Авишай дарддӕр атындзыдтой Бихрийы фырт Савейы фӕдыл.


Йоав Амасайы фӕрсы: «Куыд дӕ, ме ’фсымӕр?» — ӕмӕ йын рахиз къухӕй йӕ боцъомӕ бавнӕлдта, цыма йын ба кодта, афтӕ.


сӕ рахиз ӕмӕ сӕ галиу къухтӕй дурадзагъд самадтой, фӕттӕ ӕхстой ӕрдынтӕй. Уыдон уыдысты Саулы ӕрвадӕлтӕй, Бениамины хӕдзарвӕндагӕй:


Белайы фырттӕ: Аддар, Гера, Авигуд,


Гера, Шефуфан, Хурам.


Афӕдзӕй-афӕдзмӕ-иу ын уыдонӕй алчидӕр ӕрбаласта лӕвӕрттӕ: ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин дзауматӕ, дарӕстӕ, хӕцӕнгӕрзтӕ, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ, бӕхтӕ ӕмӕ хӕргӕфсытӕ.


Ӕнӕхуыцӕуттӕн бацамондзынӕн Дӕ фӕндӕгтӕ, ӕмӕ Дӕм тӕригъӕдджынтӕ раздӕхдзысты.


Фӕсиддзӕн Мӕм, ӕмӕ йӕ Ӕз фехъусдзынӕн. Йӕ тыхсты сахат йемӕ дӕн. Ӕххуысмӕ йӕм фӕзындзынӕн ӕмӕ йӕ скадджын кӕндзынӕн.


Зондджыны зӕрдӕ йӕ зондыл ӕфтауы, куырыхонты хъустӕ агурынц зонынад.


Стыр хицӕутты раз козбау митӕ бирӕтӕ фӕкӕнынц, лӕвӕрттӕ чи кӕны, уымӕн алчидӕр йе ’рдхорд у.


Сусӕг лӕвар маст басабыр кӕны, фӕччийы бын цы гӕртам ӕмбӕхст ис, уый хъӕхъхъаг маст дӕр бауромы.


Ма хъусут Езекиамӕ, уымӕн ӕмӕ Ассирийы паддзах зӕгъы, мемӕ бафидаут ӕмӕ уӕхи раттут мӕ къухмӕ, ӕмӕ уӕ алчидӕр хӕра йӕ сӕнӕфсир ӕмӕ йӕ легъуитӕй, нуаза йӕ цъайы донӕй,


балӕгъстӕ Мын кӕн, ӕмӕ дын Ӕз дзуапп ратдзынӕн, цы нӕ зоныс ӕмӕ адӕймаджы зонд цӕмӕ не ’ххӕссы, уыцы диссӕгтӕ дын фенын кӕндзынӕн.


Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ-иу Дунедарӕг израилӕгтӕн радта фӕтӕджы, цӕмӕй сӕ уый абырджытӕй фервӕзын кӕна.


Гевӕйаг авдсӕдӕ хӕстоны уыдысты фӕлтӕрд галиуӕгтӕ. Уыдонӕй иу дӕр, дурӕхсӕнӕй ӕрдуйыл дур фехсгӕйӕ, никуы фӕивгъуыдта.


Ӕстдӕс азы дӕргъы израилӕгтӕ уыдысты Моавы паддзах Еглоны дӕлбар.


уӕд Ехуд йӕхицӕн ӕлмӕринӕй чысыл цыбырдӕр кард саразын кодта. Йӕ рахизфарс ӕй бамбӕхста


Израилӕгтӕ Дунедарӕгмӕ скуывтой, ӕмӕ сын Уый радта ирвӕзынгӕнӕджы, Гофниелы, Калевы кӕстӕр ӕфсымӕр Кеназы байзӕддаджы.


Сисерамӕ уыдис фарастсӕдӕ ӕфсӕн тохуӕрдоны. Ссӕдз азы дӕргъы израилӕгты хъизӕмарӕй фӕмардта, ӕмӕ та Дунедарӕгмӕ скуывтой.


Фӕлӕ ахӕм цъаммар адӕймӕгтӕ дӕр уыд, афтӕ чи дзырдта: «Ай у махӕн нӕ ирвӕзынгӕнӕг?» Ницӕмӕ йӕ ӕрдардтой ӕмӕ йын лӕвӕрттӕ дӕр нӕ ракодтой. Фӕлӕ Саул, цыма ницы бафиппайдта, афтӕ йӕхи дардта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan