14 Ӕстдӕс азы дӕргъы израилӕгтӕ уыдысты Моавы паддзах Еглоны дӕлбар.
Мӕгуырты та скадджын кӕны, сӕ мӕгуыр царды ахӕстӕй сӕ ракӕны, сӕ мыггаг сын сбирӕ кӕны фосы дзугау.
Мӕ азары хай уӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ уыл уе знӕгтӕ фӕуӕлахиз уыдзысты; ӕлдариуӕг уын кӕндзысты, ӕмӕ уӕ сургӕ ничи кӕндзӕн, афтӕмӕй лидздзыстут.
Уӕ бӕстӕйы оливӕ бӕлӕстӕ бирӕ уыдзӕн, сой та — стӕм, уымӕн ӕмӕ сӕ дыргътӕ азгъӕлдзысты.
Еглон аммонӕгтӕм ӕмӕ амалекӕгтӕм ӕххуысмӕ фӕсидтис ӕмӕ Израилы ныхмӕ хӕстмӕ рацыди, израилӕгтыл фӕуӕлахиз ӕмӕ Пальмӕты сахар бацахста.
Ӕстдӕс азы фӕстӕ Дунедарӕгмӕ скуывтой, ӕмӕ та сын се ’хсӕнӕй ног фӕтӕджы сӕвзӕрста. Уый уыди Герайы фырт Ехуд, Бениамины хӕдзарвӕндагӕй. Ехуд уыди галиуӕг. Израилӕгтӕ йӕ Моавы паддзах Еглонмӕ хъалонимӕ куы арвыстой,