13 Еглон аммонӕгтӕм ӕмӕ амалекӕгтӕм ӕххуысмӕ фӕсидтис ӕмӕ Израилы ныхмӕ хӕстмӕ рацыди, израилӕгтыл фӕуӕлахиз ӕмӕ Пальмӕты сахар бацахста.
Негев дӕр, Йерихон дӕр, Пальмӕты сахартӕ, суанг Цоары онг.
Моисейы каисы фӕдонтӕ, кенӕгтӕ, Иудӕйы байзӕддӕгтимӕ Пальмӕты сахарӕй ацыдысты иудейаг ӕдзӕрӕг быдыр Негевмӕ ӕмӕ уым Арады хуссарварс бынӕттон адӕмы ’хсӕн ӕрцардысты.
Дунедарӕг сын дзуапп радта: «Сымах ӕфхӕрдтой мысырӕгтӕ, аморӕгтӕ, аммонӕгтӕ, филистимӕгтӕ,
сидойнӕгтӕ, амалекӕгтӕ ӕмӕ Маоны цӕрджытӕ. Куыддӕр-иу Мӕм сдзынӕзтат, афтӕ-иу уӕ Ӕз алкӕддӕр фервӕзын кодтон.
Аммонӕгтӕ Иорданы фаллаг фарсмӕ бахызтысты, цӕмӕй Иудӕ, Бениамин ӕмӕ Ефремы фӕдонтӕм бабырсой. Израилӕгтӕ тынг уӕззау уавӕры бахаудысты,
Ӕстдӕс азы дӕргъы израилӕгтӕ уыдысты Моавы паддзах Еглоны дӕлбар.
Ацы зӕхх кӕддӕр уыд амалекӕгты, ныр ӕм хӕстонтӕ фӕзындысты Ефремӕй, — уӕ фӕдыл рацыдысты, Бениамины фӕдонтӕ! Фӕзындысты Махиры хицӕуттӕ, фӕзындысты Зевулоны фӕтӕгтӕ.
Куыддӕр-иу сӕ хуымтӕ байтыдтой, афтӕ та-иу сӕм мидианӕгтӕ, амалекӕгтӕ ӕмӕ скӕсӕны адӕмтӕ ӕрбабырстой,