Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 3:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Хуыцауы Уд Гофниелыл ӕртыхсти, ӕмӕ уый сси Израилы фӕтӕг. Гофниел хӕстон балцы ацыд, ӕмӕ йын Дунедарӕг Арамы паддзах Кушан-Ришатаимы йӕ къухмӕ радта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 3:10
24 Iomraidhean Croise  

Уӕд Хуыцауы Уд ӕртыхсти, фӕстӕдӕр дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕхсарджыны хистӕр чи сси, уыцы Амасайыл, ӕмӕ уый загъта: «Мах дӕу стӕм, Давид! Мах демӕ стӕм, Йессейы фырт! Фарн дӕм бадзурӕд, фарн бадзурӕд де ’ххуысгӕнджытӕм, — ауды дыл дӕ Хуыцау». Давидӕн йӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдысты ӕмӕ сӕ йе ’фсадӕн хицӕуттӕй баурӕдта.


Хуыцауы Уд ӕртыхсти Одеды фырт Азариайыл,


Се ’хсӕн левиттӕй, Асафы хӕдзарвӕндагӕй, лӕууыдис иу лӕг, йӕ ном — Йахазиел. Йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Захариа, Бенайа, Йеиел, Маттаниа. Хуыцауы Уд Йахазиелыл ӕртыхсти,


О Хуыцау, стаудзынӕн Дӕ ӕнусмӕ Дӕ хъуыддӕгты тыххӕй. Мӕ зӕрдӕ дардзынӕн Дӕ номыл — иузӕрдион Дыл чи у, уыдонӕн уый фарн хӕссы.


Ӕз раргом уыдзынӕн уым ӕмӕ демӕ дзурдзынӕн. Цы Уд дыл ис, уымӕй райсдзынӕн ӕмӕ дзы уыцы лӕгты схайджын кӕндзынӕн, цӕмӕй ацы адӕмыл мӕт кӕной демӕ ӕмӕ ды уыцы уаргъ иунӕгӕй мауал хӕссай.


Дунедарӕг ӕврагъы раргом ис ӕмӕ ныхас кодта Моисеимӕ. Райста, цы Уд ыл уыдис, уымӕй ӕмӕ дзы ӕвдай хистӕры схайджын кодта. Хистӕртӕ Удӕй куы схайджын сты, уӕд пехуымпариуӕг кӕнын райдыдтой, фӕлӕ сын уый бирӕ нӕ ахаста.


Фӕлӕ йын Моисей загъта: «Уыцы ӕнувыдӕй мӕ сӕрыл хӕцыс, мыййаг? Тӕхуды ӕмӕ Дунедарӕджы адӕм иууылдӕр пехуымпартӕ куы уаиккой! Тӕхуды, ӕмӕ сӕ Дунедарӕг куы схайджын кӕнид Йӕ Удӕй!»


Балаам афӕлгӕсыд ӕмӕ федта Израилы фырттӕй алкӕй дӕр йӕ бынаты хӕдзарвӕндаггай лӕугӕ. Хуыцауы Уд ыл ӕртыхсти,


Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Райс дӕхимӕ Нуны фырт Йешуайы, Хуыцауы Удӕй хайджын чи у, уыцы адӕймаджы, ӕмӕ йыл дӕ къух ӕрӕвӕр.


Уымӕн ӕмӕ, иу хатт рухс кӕй зӕрдӕйы ссыгъдӕуыд, уӕларвон хорзӕхы ад чи базыдта ӕмӕ Сыгъдӕг Удӕй чи схайджын,


Дунедарӕджы Уд Йеффайыл ӕртыхсти. Галаад ӕмӕ Менассиайы зӕххыл ацыд, бахӕццӕ ис Мицпайы сахармӕ. Уырдыгӕй аммонӕгты ныхмӕ хӕстмӕ рацыди.


Йеффай аммонӕгтӕм бабырста, ӕмӕ йын Дунедарӕг уӕлахиз радта.


Дунедарӕджы Уд Самсоныл ӕртыхсти Махане-Даны, Цора ӕмӕ Ештаолы ’хсӕн.


Дунедарӕджы Уд Самсоныл ӕртыхсти. Самсон Ашкелонмӕ ацыд ӕмӕ уым дӕс ӕмӕ ссӕдз лӕджы амардта. Сӕ дарӕстӕ сын раласта ӕмӕ сӕ, уыци-уыци чи базыдта, уыдонӕн радта. Уый фӕстӕ мӕстджынӕй йӕ фыды хӕдзармӕ раздӕхти.


Дунедарӕджы Уд ӕртыхсти Самсоныл, ӕмӕ домбайы йӕ къухтӕй сӕныччы скъуыдтӕ акодта. Уыцы хабар йӕ фыд ӕмӕ йӕ мадӕн нӕ радзырдта.


Самсонимӕ куыддӕр Лехийы сахармӕ бахӕццӕ сты, афтӕ филистимӕгтӕ, хъӕргӕнгӕ, йӕ размӕ разгъордтой. Дунедарӕджы Уд Самсоныл ӕртыхсти. Йӕ къухтыл цы бӕндӕнтӕ уыди, уыдон гӕнау асыгъдысты, ӕмӕ йӕ къухтӕ феуӕгъд сты.


Дыууиссӕдз азы дӕргъы бӕстӕ уыди сабыр. Уый фӕстӕ Кеназы байзӕддаг Гофниел амард.


Дунедарӕг сӕм смӕсты ис ӕмӕ сӕ Арам-Нахараимы паддзах Кушан-Ришатаимы дӕлбар бакодта.


Уӕд Гедеоныл Дунедарӕджы Уд ӕртыхсти. Гедеон сыкъауадындзӕй ныууасыд ӕмӕ Авиезеры фӕдонты хӕстмӕ рамбырд кодта.


Гевӕмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд амбӕлдысты пехуымпарты къордыл. Дунедарӕджы Уд ӕртыхсти Саулыл, ӕмӕ уый дӕр пехуымпариуӕг кӕнын райдыдта.


Дунедарӕджы Уд дыл ӕртыхсдзӕн, ӕмӕ ды дӕр семӕ пехуымпариуӕг кӕнын райдайдзынӕ, ӕндӕр адӕймаг суыдзынӕ.


Саул уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд ыл Хуыцауы Уд ӕртыхст, ӕмӕ йӕ маст рафыхти.


Самуел сойы сыкъа райста ӕмӕ Давиды йе ’фсымӕрты раз байсӕрста. Уыйадыл Дунедарӕджы Уд ӕртыхсти Давидыл ӕмӕ уыцы бонӕй фӕстӕмӕ уыди йемӕ. Самуел та аздӕхти Рамамӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan