Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 21:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Кӕрӕдзийы фарстой: «Израилы хӕдзарвӕндӕгты ’хсӕн, Мицпамӕ Дунедарӕджы раз ӕрлӕууынмӕ чи не ’рбацыди, ахӕм ис?» Фӕстагмӕ рабӕрӕг ис, уыцы ӕмбырды Галаадӕй, Иавешы сахарӕй, кӕй ничи уыди, уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 21:8
9 Iomraidhean Croise  

Галаады сахар Иавешы цӕрджытӕ фехъуыстой, филистимӕгтӕ Саулӕн цы ӕбуалгъ митӕ бакодтой, уый,


Чи ма дзы аирвӕзт, уыдонӕн устытӕ кӕм ссардзыстӕм? Мах Дунедарӕджы раз сомы куы ракодтам, нӕ чызджыты сын моймӕ нал ратдзыстӕм, зӕгъгӕ!»


Ӕгас ӕфсад банымадтой, ӕмӕ дзы Галаадӕй, Иавешы сахарӕй, ничи разынди.


Дунедарӕджы зӕд бардзырд куы ратты: «Мерозы сахар ралгъитут, ралгъитут ын йӕ цӕрджыты, — йӕ хӕстонтӕ Дунедарӕджы фарс не ’рлӕууыдысты, сӕ сахъгуырдтимӕ Дунедарӕгмӕ нӕ фӕзындысты!»


Дыууӕ галы суӕнгтӕ кодта ӕмӕ минӕвӕртты ӕххуысӕй хӕйттӕ Израилы алы кӕрӕттӕм арвыста ахӕм ныхӕстимӕ: Саул ӕмӕ Самуелы фӕдыл чи нӕ рацӕуа, уыдоны галтӕ дӕр афтӕ уӕнгтӕгонд ӕрцӕудзысты. Хуыцауы тас бацыди ӕппӕт адӕмы дӕр ӕмӕ сыстадысты иу лӕгау.


Уыйадыл Иавешы минӕвӕрттӕн бафӕдзӕхстой: «Галаадаг Иавешы адӕмӕн афтӕ зӕгъут: „Райсом уӕм хуры ӕрбандӕвдимӕ фӕзындзӕн ӕххуыс“». Минӕвӕрттӕ аздӕхтысты, Иавешы адӕмӕн фехъусын кодтой, ӕмӕ уыдонӕн сӕ зӕрдӕ барухс.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan