6 Израилӕгтӕ се ’фсымӕртыл, Бениамины мыггагыл, хъыг кодтой ӕмӕ дзырдтой: «Ныр Израил йӕ иу мыггагӕй куы фӕцух!
Авнер ныхъхъӕр кодта Йоавмӕ: «Нӕ кӕрдтӕ туджы кӕдмӕ ӕвдулдзыстӕм? Хорз ӕй куы зоныс, хъуыддаг цӕмӕ цӕуы, уый? Кӕд ӕрдомдзынӕ дӕ адӕмӕй, цӕмӕй се ’фсымӕрты фӕдыл мауал зилой?»
Куыд дӕ ныууадзон, Ефрем? Гадзрахатӕй дыл куыд рацӕуон, Израил? Адмӕйӕн ци ми бакодтон, ахӕм ми уын куыд бакӕнон? Цевоимӕн цытӕ бакодтон, уыдӕттӕ уын куыд бавзарын кӕнон? Мӕ зӕрдӕ фӕйнӕрдӕм тоны, тынг уын тӕригъӕд кӕнын.
Куы йӕ ауыдта, уӕд йӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывта ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Ехх, мӕ чызг, уый мын цы бакодтай! Сау бӕллӕхы мӕ куы баппӕрстай! Ӕз Дунедарӕгӕн дзырд радтон ӕмӕ йӕ мӕ бон нӕ сӕххӕст кӕнын нӕу!»
Ацыдысты ӕмӕ изӕрмӕ Дунедарӕджы раз фӕкуыдтой, стӕй Йӕ бафарстой: «Хӕцӕм ма дарддӕр Бениамины мыггагимӕ, не ’фсымӕртимӕ?» Дунедарӕг сын дзуапп радта: «Хӕцут!»
Адӕм хъыг кодтой Бениамины мыггагыл. Дунедарӕг сӕ Израилы иу мыггагӕй фӕцух кодта,
Адӕм фарстой кӕрӕдзийы: «Дунедарӕджы раз куы ӕрӕмбырд стӕм, уӕд Израилы хӕдзарвӕндӕгты ’хсӕн, чи не ’рбацыдис, ахӕм разынди?» Афтӕ та уымӕн фарстой, ӕмӕ стыр ард бахордтой, Мицпамӕ Дунедарӕджы раз ӕрлӕууынмӕ чи не ’рбацӕуа, уыдоны удӕгасӕй нӕ ныууадздзыстӕм, зӕгъгӕ.
Чи ма дзы аирвӕзт, уыдонӕн устытӕ кӕм ссардзыстӕм? Мах Дунедарӕджы раз сомы куы ракодтам, нӕ чызджыты сын моймӕ нал ратдзыстӕм, зӕгъгӕ!»