Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 21:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Дыккаг бон райсомӕй израилӕгтӕ нывондхӕссӕн сарӕзтой, иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ ӕрхастой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 21:4
13 Iomraidhean Croise  

Уыцы бон Гад бацыди Давидмӕ ӕмӕ йын загъта: «Цу ӕмӕ йевусаг Орнайы мусы Дунедарӕгӕн нывондхӕссӕн сараз».


Дунедарӕгӕн уым сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ ӕрхаста иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ. Дунедарӕг фӕтӕригъӕд кодта бӕстӕйӕн, ӕмӕ израилӕгтӕ Хуыцауы фыд азарӕй фервӕзтысты.


Дунедарӕджы Кувӕндоны раз цы ӕрхуы нывондхӕссӕн уыди, уый утӕппӕт нывӕндтӕ ӕрхӕссынӕн ӕгӕр гыццыл кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ Соломон тӕккӕ уыцы бон срухс кодта, Кувӕндоны раз цы кӕрт уыд, уымӕн йӕ астӕуккаг хай, ӕмӕ уым ӕрхаста иууылсудзинаг нывӕндтӕ, стӕй хойраджы хуынтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндты фиу.


Фӕстӕмӕ раздӕхдзынӕн Мӕ бынатмӕ, цалынмӕ сӕ азым ӕрӕмбарой ӕмӕ Мӕ ӕрцагурой, уӕдмӕ.


Уӕ мыггӕгтӕй иуы зӕххыл Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕхицӕн бынат равзардзӕн. Уыцы бынат уыдзӕни Йӕ номыл, ӕмӕ-иу уырдӕм цӕут.


Махӕн ис, Уаз цатыры лӕггадгӕнджытӕн хӕрыны бар кӕцӕй нӕй, ахӕм нывондхӕссӕн.


Уӕд израилӕгтӕ, се ’фсад иууылдӕр, ацыдысты Вефилмӕ. Уым Дунедарӕджы раз изӕрмӕ фӕбадтысты, куыдтой ӕмӕ ком дардтой. Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ ӕрхастой.


«О Дунедарӕг, Израилы Хуыцау! Ацы бӕллӕх ныл цӕй тыххӕй ӕрцыди? Ныр Израил йӕ иу мыггагӕй куы фӕцух!»


Уыцы ран Гедеон Дунедарӕгӕн нывондхӕссӕн сарӕзта ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Яхве-Шалом. Уыцы нывондхӕссӕн абоны онг дӕр ис Офрайы, Авиезеры зӕххыл.


Уыдоны бӕсты уыцы къуыбырыл Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, нывондхӕссӕн сараз ӕмӕ йыл, цы хъӕуы, уыдӕттӕ сӕвӕр. Хӕрзхаст гал-иу равзар ӕмӕ йӕ иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхӕсс, кӕй акалай, уыцы Ашерӕйы цӕджындз та-иу дын сугӕн ацӕуӕд».


Уый фӕстӕ-иу ӕрыздӕхти Рамамӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ хӕдзар уым уыд. Уым дӕр тӕрхон кодта Израилӕн. Дунедарӕгӕн дзы сарӕзта нывондхӕссӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan