Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 21:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Уыцы заман Израилӕн паддзах нӕ уыди ӕмӕ алчидӕр, раст ӕм куыд касти, афтӕ кодта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 21:25
13 Iomraidhean Croise  

Ӕркӕс мӕм, дзуапп мын ратт, о Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Рухс фенын кӕн мӕ цӕстытӕн, цӕмӕй мӕрдон фынӕй ма бауон,


Адӕймагмӕ иуӕй-иу фӕндаг раст фӕкӕсы, фӕлӕ йӕ ’ппынфӕстаг мӕлӕтмӕ ’ркӕны.


Ӕппӕт зӕрдӕйӕ Дунедарӕгыл ӕууӕнд, дӕхи зондыл дӕ зӕрдӕ ма дар.


Мӕ лӕппу! Цалынмӕ ӕрыгон дӕ, уӕдмӕ дӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй ӕрвит, де ’рыгон бонты царды цинӕй бафсӕд; дӕ зӕрдӕйы фӕндиаг, дӕхимӕ хуыздӕр куыд кӕсы, дӕ цӕстытӕн ӕхсызгон цы у, уый кӕн, фӕлӕ зон: дӕ хъуыддӕгтӕн дын Хуыцау тӕрхон кӕндзӕн.


Иууылдӕр уыдыстӕм дзӕгъӕл фыстау, ӕмӕ нӕ алчидӕр аздӕхт йӕхи фӕндагыл, Дунедарӕг та Ууыл сӕвӕрдта не ’ппӕты азым.


Сымах та иуӕрдыгӕй Мӕнӕн гал ӕргӕвдут, иннӕрдыгӕй та уӕ гуымирыйӕн адӕймаг-нывонд хӕссут. Иуӕрдыгӕй Мӕнӕн фыс кусарт кӕнут, иннӕрдыгӕй та куыдзы ӕфцӕг сӕттут. Иуӕрдыгӕй Мӕнӕн хуын хӕссут, иннӕрдыгӕй та хуыйы хъуырӕй туг уадзут. Иуӕрдыгӕй Мӕнӕн буд судзут, иннӕрдыгӕй та уӕ хуыцаугондӕн табу кӕнут. Равзӕрстат уӕхи фӕндӕгтӕ, уӕ зӕрдӕ рухс кӕны уе ’лгъаг митӕй.


Ныртӕккӕ сымах, кӕмӕ уӕ куыд растдӕр кӕсы, афтӕ кӕнут, фӕлӕ уым хъуамӕ ма кӕнат афтӕ.


Уыцы заман Израилы паддзах нӕ уыди, ӕмӕ алчидӕр кодта, цы йӕ фӕндыд, уый.


Уыцы заман Израилы паддзах нӕ уыди. Даны хӕдзарвӕндаг, кӕм ӕрбынат кӕной, уый агуырдтой, уымӕн ӕмӕ сӕм Израилы хӕдзӕрвӕндӕгты ’хсӕн зӕххы хай афтӕ дӕр нал ӕрхауд.


Фондз лӕджы дарддӕр ацыдысты. Лаишы сахармӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд федтой, уыцы ран адӕм сидойнӕгтау ӕнӕмӕтӕй, сабыр ӕмӕ ӕдасӕй кӕй цӕрынц, уый. Сӕ алыварс, чи сӕ ӕфхӕра, сӕ зӕххӕй сӕ чи сура кӕнӕ сын ӕлдариуӕг чи кӕна, ахӕмӕй ничи царди. Сидойнӕгтӕй дард уыдысты, сӕ сыхӕгтӕй та ӕввахс никӕмӕ цыдысты.


Израилы паддзах куынӕ уыд, уыцы заман Ефремы хӕхты фахсыл цардис иу лӕг — левит. Уый иудейаг Вифлеемӕй йӕхицӕн номылус ӕрбакодта.


Израилӕгтӕ дӕр сӕ хӕдзӕрттӕм фӕцыдысты. Алчидӕр раздӕхти йӕ хӕдзарвӕндагмӕ, йӕ мыггагмӕ. Иууылдӕр сӕ зӕххы хӕйттӕм фӕцыдысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan