20 Адӕмы хистӕртӕ Бениамины фӕдонтӕн бафӕдзӕхстой: «Ацӕут Силоммӕ ӕмӕ сӕндӕтты бамбӕхсут.
Уый фӕстӕ сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыди, Силомы ӕрвылаз Дунедарӕджы номыл куывд кӕй фӕкӕнынц, уый. Уыцы сахар ис Вефилӕй цӕгатӕрдӕм, Левонайы сахарӕн йӕ хуссарварс, Вефил ӕмӕ Шехемы астӕу цы фӕндаг ис, уымӕй та — скӕсӕны ’рдӕм.
Силомаг чызджыты кафгӕ куы фенат, уӕд-иу разгъорут ӕмӕ-иу сӕм фӕлӕбурут. Алчидӕр дзы йӕхицӕн фӕйнӕ иуы ракӕнӕд, ӕмӕ-иу уый фӕстӕ Бениамины зӕхмӕ раздӕхут.