2 Уый фӕстӕ адӕм ацыдысты Вефилмӕ ӕмӕ бон-изӕрмӕ Дунедарӕджы раз хъӕрӕй фӕкуыдтой. Уыдон дзырдтой:
Исав йӕ фыдӕн афтӕ: «Ау, иунӕг арфӕ йеддӕмӕ дӕм нӕй, мӕ фыд? Мӕнӕн дӕр раарфӕ кӕн, мӕ фыд!» Ӕмӕ йӕ хъӕлӕсы дзаг ныккуыдта.
Израилы адӕм ӕрӕмбырд сты Силомы ӕмӕ уым ӕрӕвӕрдтой Хуыцауимӕ Фембӕлды Цатыр. Уӕдмӕ бӕстӕ иууылдӕр сӕ къухы уыд.
Дунедарӕджы зӕд израилӕгтӕн уыдӕттӕ куы загъта, уӕд адӕм иууылдӕр хъӕрӕй ныккуыдтой.
Израилӕгтӕ Вефилы сахармӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Хуыцауы бафарстой: «Бениамины мыггаджы ныхмӕ нӕ хӕстмӕ чи акӕндзӕн?» Дунедарӕг сын дзуапп радта: «Иудӕ ацӕудзӕни уӕ разӕй».
Ацыдысты ӕмӕ изӕрмӕ Дунедарӕджы раз фӕкуыдтой, стӕй Йӕ бафарстой: «Хӕцӕм ма дарддӕр Бениамины мыггагимӕ, не ’фсымӕртимӕ?» Дунедарӕг сын дзуапп радта: «Хӕцут!»
Уӕд израилӕгтӕ, се ’фсад иууылдӕр, ацыдысты Вефилмӕ. Уым Дунедарӕджы раз изӕрмӕ фӕбадтысты, куыдтой ӕмӕ ком дардтой. Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ ӕрхастой.
Галаадаг Иавешы разынди цыппарсӕдӕ ӕнӕцыд чызджы. Израилӕгты рӕсӕнуат уыдис Ханааны, Силомы сахары, ӕмӕ чызджыты уырдӕм акодтой.
«О Дунедарӕг, Израилы Хуыцау! Ацы бӕллӕх ныл цӕй тыххӕй ӕрцыди? Ныр Израил йӕ иу мыггагӕй куы фӕцух!»
Минӕвӕрттӕ Саулы сахар Гевӕмӕ бацыдысты. Адӕмӕн Нахашы ныхӕстӕ куы рафӕзмыдтой, уӕд адӕм иууылдӕр сӕ хъӕлӕсы дзаг ныккуыдтой.
Давид ӕмӕ йӕ адӕм ӕрдиаг кодтой ӕмӕ куыдтой, цалынмӕ сӕ хъару басаст, уӕдмӕ.