Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 21:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Уый фӕстӕ сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыди, Силомы ӕрвылаз Дунедарӕджы номыл куывд кӕй фӕкӕнынц, уый. Уыцы сахар ис Вефилӕй цӕгатӕрдӕм, Левонайы сахарӕн йӕ хуссарварс, Вефил ӕмӕ Шехемы астӕу цы фӕндаг ис, уымӕй та — скӕсӕны ’рдӕм.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 21:19
20 Iomraidhean Croise  

Мӕгуырты ӕмӕ сидзӕрты сӕрыл хӕцут, ӕфхӕрд ӕмӕ мӕгуыр адӕмӕн рӕстаг тӕрхон хӕссут!


кӕй уын дӕттын, уыцы зӕхмӕ куы бацӕуат ӕмӕ уым уӕ хуымтӕ куы ӕркӕрдат, уӕд-иу уӕ хоры фыццаг куырис ӕрбахӕссут сауджынмӕ.


цӕмӕй израилӕгтӕн зӕгъа: «Мӕнӕ — Дунедарӕджы бӕрӕгбӕттӕ, ӕмӕ-иу хъуамӕ уазӕмбырдтӕ скӕнат. Уыцы бонтӕ снысан кодтон Мӕхӕдӕг.


ӕвдӕм мӕйы фынддӕсӕм бонӕй фӕстӕмӕ авд боны дӕргъы уыдзӕни Халагъудты бӕрӕгбон — Дунедарӕджы кадӕн.


Мӕнӕ Дунедарӕджы бӕрӕгбӕттӕ, уазӕмбырдтӕ. Бӕрӕг кӕнын сӕ хъӕуы бӕлвырд афонты.


Уыцы мӕйы фынддӕсӕм бон та райдайы Донгонд дзулты бӕрӕгбон, Дунедарӕджы кадӕн. Авд боны дӕргъы хӕрут донгонд дзултӕ.


Уӕ цины бонты, уӕ бӕрӕгбӕтты ӕмӕ уӕ алы мӕйноджы, сыкъауадындзтӕй уасут, иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ хӕсгӕйӕ, ӕмӕ-иу уый фӕрцы Йӕ зӕрдыл ӕрлӕудзыстут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн; Ӕз — Дунедарӕг, уӕ Хуыцау».


Фыццаг мӕйы цыппӕрдӕсӕм бон — Дунедарӕджы Куадзӕн.


Хоры сӕрты бӕрӕгбоны, Дунедарӕгӕн ног хуымилиаг куы хӕссат Къуыриты бӕрӕгбоны, уӕд дӕр-иу уазӕмбырд скӕнут; мацы-иу бакусут.


Ӕвдӕм мӕйы фынддӕсӕм бон уын уӕд уазӕмбырд, мацы-иу бакусут. Дунедарӕджы бӕрӕгбон авд боны дӕргъы бӕрӕг кӕнут


Уый фӕстӕ уыди иудейаг бӕрӕгбон, ӕмӕ Йесо ацыди Йерусалиммӕ.


Ӕрхӕстӕг ис иудейаг бӕрӕгбон — Халагъудты бӕрӕгбон.


Дӕ зӕрдыл дар авивы мӕй ӕмӕ бӕрӕг кӕн Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, Куадзӕн: авивы мӕйы дӕ ӕхсӕвыгон ракодта Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Мысырӕй.


ӕмӕ, Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, арфӕйӕ дӕ къухы цы ис, уымӕй скӕн Къуыриты бӕрӕгбон ӕмӕ ссар Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, ном.


Авд боны дӕргъы-иу бӕрӕг кӕн Халагъудты бӕрӕгбон, дӕ хор ӕмӕ-иу дӕ сӕн куы бафснайай, уӕд.


Израилы адӕм ӕрӕмбырд сты Силомы ӕмӕ уым ӕрӕвӕрдтой Хуыцауимӕ Фембӕлды Цатыр. Уӕдмӕ бӕстӕ иууылдӕр сӕ къухы уыд.


Уыдон, Миха кӕй сарӕзта, уыцы кӕрдгӕныв сӕхимӕ сӕвӕрдтой, ӕмӕ, цалынмӕ Хуыцауы хӕдзар Силомы уыди, уӕдмӕ уыдис уыдонмӕ.


Адӕмы хистӕртӕ Бениамины фӕдонтӕн бафӕдзӕхстой: «Ацӕут Силоммӕ ӕмӕ сӕндӕтты бамбӕхсут.


Лӕг-иу алы аз дӕр йӕ сахарӕй араст ис Силоммӕ, цӕмӕй Уӕларвӕфсады Бардарӕгмӕ скува ӕмӕ Йын нывонд ӕрхӕсса. Уым Дунедарӕджы сауджынтӕ уыдысты Елиа ӕмӕ йӕ дыууӕ фырты, Хофни ӕмӕ Пинхас.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan