15 Адӕм хъыг кодтой Бениамины мыггагыл. Дунедарӕг сӕ Израилы иу мыггагӕй фӕцух кодта,
Давидӕн стыр маст уыди, Дунедарӕг Уззайы кӕй ӕрцавта, уый, ӕмӕ уыцы бынат Перец-Узза рахуыдта. Абон дӕр ӕй афтӕ хонынц.
Амӕй размӕ Фидыды Чырын хӕсджытӕ сымахӕй кӕй нӕ уыдысты, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕнувыд ыл кӕй нӕ уыдыстӕм, уый тыххӕй нӕ бафхӕрдта Дунедарӕг, нӕ Хуыцау».
уымӕ гӕсгӕ, бӕрзонд быру куы аскъуыйы ӕмӕ йын ӕвиппайды рафӕлдӕхынӕй тас куыд вӕййы, уыйау уыдзӕни сымах хъуыддаг дӕр уӕ азымы тыххӕй.
Уӕд ногӕй сараздзыстут, раджы пырхон чи ӕрцыд, уыцы бӕстыхӕйттӕ, рагон бындуртыл сараздзыстут ног агъуыстытӕ, ӕмӕ уӕ ӕппӕлдзысты, адон, сахары быруйы гӕмттӕ чи бампъызта ӕмӕ адӕмы сӕраппонд хӕлӕттаг бынӕттӕ ногӕй чи рацарӕзта, уыдон сты, зӕгъгӕ».
Бениамины байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзӕрттӕм ӕрыздӕхтысты, ӕмӕ сын Галаады, Иавешы сахары, удӕгасӕй кӕй ныууагътой, уыцы ӕнӕцыд чызджыты моймӕ радтой. Фӕлӕ чызджытӕ се ’ппӕты фаг нӕ уыдысты.
ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ сагъӕсы бацыдысты: «Бениамины мыггагӕй ма чи аирвӕзти, уыдонӕн устытӕ цы хуызы ссарӕм, сӕ хӕдзарвӕндаджы иу сылгоймаг дӕр куынӕуал баззад, уӕд?»
Ӕмӕ загътой: «Бениамины фӕдонтӕй ма чи аирвӕзт, уыдонӕн сӕ зӕхх хъуамӕ сӕ хӕдзарвӕндаджы къухы баззайа, Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕй хъуамӕ иунӕг дӕр ма фесӕфа.
Израилӕгтӕ се ’фсымӕртыл, Бениамины мыггагыл, хъыг кодтой ӕмӕ дзырдтой: «Ныр Израил йӕ иу мыггагӕй куы фӕцух!