Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 21:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Бениамины байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзӕрттӕм ӕрыздӕхтысты, ӕмӕ сын Галаады, Иавешы сахары, удӕгасӕй кӕй ныууагътой, уыцы ӕнӕцыд чызджыты моймӕ радтой. Фӕлӕ чызджытӕ се ’ппӕты фаг нӕ уыдысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 21:14
7 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ хӕтынӕй хи бахизыны тыххӕй алы нӕлгоймагӕн дӕр уӕд йӕхи ус, ӕмӕ алы сылгоймагӕн дӕр уӕд йӕхи мой.


Бениамины фӕдонтӕ алыгъдысты ӕдзӕрӕг быдырмӕ, Риммоны къӕдзӕхы цурмӕ. Ӕхсӕзсӕдӕ ма дзы аирвӕзт ӕмӕ цыппар мӕйы дӕргъы уым фембӕхстысты.


Галаадаг Иавешы разынди цыппарсӕдӕ ӕнӕцыд чызджы. Израилӕгты рӕсӕнуат уыдис Ханааны, Силомы сахары, ӕмӕ чызджыты уырдӕм акодтой.


Уый фӕстӕ Израилы дзыллӕ, Бениамины фӕдонтӕй Риммоны къӕдзӕхы цур чи бамбӕхсти, уыдонмӕ минӕвӕрттӕ арвыстой, бафидауӕм, зӕгъгӕ.


Адӕм хъыг кодтой Бениамины мыггагыл. Дунедарӕг сӕ Израилы иу мыггагӕй фӕцух кодта,


Сӕ ныййарӕг фыдтӕ ӕмӕ нӕм се ’фсымӕртӕ хъаст кӕнынмӕ куы ’рбацӕуой, уӕд сын зӕгъдзыстӕм: „Батӕригъӕд нын кӕнут, ныууадзут нын уӕ чызджыты. Хӕсты рӕстӕг нӕ алкӕмӕн ус ссарын нӕ бантысти. Стӕй кӕд уӕ чызджытӕ сӕ къухы уӕхи фӕндонӕй нӕ бафтыдысты, уӕд тӕригъӕдджын не стут“».


Кӕрӕдзийы фарстой: «Израилы хӕдзарвӕндӕгты ’хсӕн, Мицпамӕ Дунедарӕджы раз ӕрлӕууынмӕ чи не ’рбацыди, ахӕм ис?» Фӕстагмӕ рабӕрӕг ис, уыцы ӕмбырды Галаадӕй, Иавешы сахарӕй, кӕй ничи уыди, уый.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan