Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 21:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Уый фӕстӕ Израилы дзыллӕ, Бениамины фӕдонтӕй Риммоны къӕдзӕхы цур чи бамбӕхсти, уыдонмӕ минӕвӕрттӕ арвыстой, бафидауӕм, зӕгъгӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 21:13
9 Iomraidhean Croise  

Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ Мӕ дзыхы ныхасӕй дӕр стаудзысты. Ратдзынӕн сын амонд ӕмӕ фарн — дард чи у, уыдонӕн дӕр, ӕмӕ, хӕстӕг чи у, уыдонӕн дӕр. Се ’ппӕты дӕр сӕ къахыл слӕууын кӕндзынӕн», — афтӕ зӕгъын Ӕз — Дунедарӕг.


Цы хӕдзармӕ бацӕуат, уым уал-иу фыццаг зӕгъут: „Фарн ацы хӕдзары!“


Ӕмӕ куы ӕрцыди, уӕд ӕрхаста фидыды Фарны Уац сымахӕн, Хуыцауӕй дард чи уыди, уыдонӕн ӕмӕ Йӕм хӕстӕг чи уыди, уыдонӕн.


Басӕттынмӕ цы сахар хъават, уыимӕ уал-иу раздӕр сабырӕй дзурут, цӕмӕй ӕнӕ схӕцгӕйӕ уӕхи бауа.


Леваот, Шилхим, Аин ӕмӕ Риммон — ӕдӕппӕт фараст ӕмӕ ссӕдз сахары сӕ алыварс хъӕутимӕ.


Чи дзы аирвӕзти, уыдон та алыгъдысты ӕдзӕрӕг быдырмӕ, Риммоны къӕдзӕхмӕ. Фӕндӕгтыл дзы израилӕгтӕ фондз мины ныццагътой, суанг сӕ Гидомы онг фӕсырдтой ӕмӕ ма дзы ноджы дыууӕ мины амардтой.


Бениамины фӕдонтӕ алыгъдысты ӕдзӕрӕг быдырмӕ, Риммоны къӕдзӕхы цурмӕ. Ӕхсӕзсӕдӕ ма дзы аирвӕзт ӕмӕ цыппар мӕйы дӕргъы уым фембӕхстысты.


Галаадаг Иавешы разынди цыппарсӕдӕ ӕнӕцыд чызджы. Израилӕгты рӕсӕнуат уыдис Ханааны, Силомы сахары, ӕмӕ чызджыты уырдӕм акодтой.


Бениамины байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзӕрттӕм ӕрыздӕхтысты, ӕмӕ сын Галаады, Иавешы сахары, удӕгасӕй кӕй ныууагътой, уыцы ӕнӕцыд чызджыты моймӕ радтой. Фӕлӕ чызджытӕ се ’ппӕты фаг нӕ уыдысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan