Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 21:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Уӕд Израилы дзыллӕ уыцы сахармӕ дыууадӕс мин хӕстоны арвыстой ӕмӕ сын бафӕдзӕхстой: «Ацӕут ӕмӕ Галаадаг Иавешы цӕрджыты ныццӕгъдут, ӕд устытӕ ӕмӕ ӕд сывӕллӕттӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 21:10
9 Iomraidhean Croise  

Уӕдӕмӕ амарут, нӕлгоймаджы мыггагӕй дзы цыдӕриддӕр сабитӕ ис, уыдоны ӕмӕ, нӕлгоймагимӕ ӕмуат чи ӕрцыд, уыцы сылгоймӕгтӕй алкӕй дӕр амарут.


уӕд сахары ӕппӕт цӕрджыты дӕр ныццӕгъд, ӕгас сахар ӕлгъыстаг фӕкӕн, ӕд ис, ӕд бис, суанг фосы дӕр-иу карды амӕттаг бакӕн.


Йешуа ӕмӕ Израилы дзыллӕ бавдӕлдысты ӕмӕ Зарахы фырт Аханы ӕд ӕвзист, ӕд дарӕс, ӕд сыгъзӕрины къӕртт, йӕ фырттӕ ӕмӕ йӕ чызджытимӕ, йӕ галтӕ ӕмӕ йӕ хӕрджытимӕ, йӕ лыстӕг фос ӕмӕ йӕ цатыримӕ, йе ’ппӕт исбонимӕ Ахоры дӕлвӕзмӕ акодтой.


Адӕм фарстой кӕрӕдзийы: «Дунедарӕджы раз куы ӕрӕмбырд стӕм, уӕд Израилы хӕдзарвӕндӕгты ’хсӕн, чи не ’рбацыдис, ахӕм разынди?» Афтӕ та уымӕн фарстой, ӕмӕ стыр ард бахордтой, Мицпамӕ Дунедарӕджы раз ӕрлӕууынмӕ чи не ’рбацӕуа, уыдоны удӕгасӕй нӕ ныууадздзыстӕм, зӕгъгӕ.


Кӕрӕдзийы фарстой: «Израилы хӕдзарвӕндӕгты ’хсӕн, Мицпамӕ Дунедарӕджы раз ӕрлӕууынмӕ чи не ’рбацыди, ахӕм ис?» Фӕстагмӕ рабӕрӕг ис, уыцы ӕмбырды Галаадӕй, Иавешы сахарӕй, кӕй ничи уыди, уый.


Ӕгас ӕфсад банымадтой, ӕмӕ дзы Галаадӕй, Иавешы сахарӕй, ничи разынди.


Дунедарӕджы зӕд бардзырд куы ратты: «Мерозы сахар ралгъитут, ралгъитут ын йӕ цӕрджыты, — йӕ хӕстонтӕ Дунедарӕджы фарс не ’рлӕууыдысты, сӕ сахъгуырдтимӕ Дунедарӕгмӕ нӕ фӕзындысты!»


Дыууӕ галы суӕнгтӕ кодта ӕмӕ минӕвӕртты ӕххуысӕй хӕйттӕ Израилы алы кӕрӕттӕм арвыста ахӕм ныхӕстимӕ: Саул ӕмӕ Самуелы фӕдыл чи нӕ рацӕуа, уыдоны галтӕ дӕр афтӕ уӕнгтӕгонд ӕрцӕудзысты. Хуыцауы тас бацыди ӕппӕт адӕмы дӕр ӕмӕ сыстадысты иу лӕгау.


Ныр цу ӕмӕ ныццӕгъд амалекӕгты. Цыдӕриддӕр сӕм ис, уыдон сын ныффалгӕрон кӕнут. Ма сын фӕтӕригъӕд кӕн: нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, тырынӕй, дзидзидайӕ, галӕй, фысӕй, теуайӕ, хӕрӕгӕй — се ’ппӕты дӕр амар“».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan