9 Хуыцауы амындмӕ гӕсгӕ Гевӕйӕн бакӕндзыстӕм афтӕ:
Иуты дӕр ӕмӕ иннӕты дӕр равзӕрстой хӕлттӕ сӕппаргӕйӕ, уымӕн ӕмӕ Кувӕндоны барджынтӕ ӕмӕ Хуыцауы барджынтӕ уыдысты Елеазары байзӕддӕгтӕй дӕр ӕмӕ Итамары байзӕддӕгтӕй дӕр.
Адӕмы хицӕуттӕ ӕрцардысты Йерусалимы, иннӕ адӕм та хӕлттӕ сӕппӕрстой, цӕмӕй дӕс адӕймагӕй иу Йерусалимы уаз сахармӕ цӕрынмӕ ацӕуа, фарастӕй та иннӕ сахарты баззайой.
Адӕм хӕлттӕ сӕппарынц, фӕлӕ алы уынаффӕ дӕр Дунедарӕгӕй рацӕуы.
Уӕд науы кусджытӕ кӕрӕдзийӕн загътой: «Цӕй ӕмӕ хӕлттӕ сӕппарӕм, ацы бӕллӕх кӕй азарӕй ӕййафӕм, уый базонынӕн». Сӕппӕрстой, ӕмӕ Ионӕйы хал схаудта.
Хӕлттӕ сӕппӕрстой, Матфийы хал схаудта, ӕмӕ иуӕндӕс апостолимӕ бамбал ис.
Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ сӕ фараст хӕдзарвӕндагӕн ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисӕн байуӕрстой, хӕлттӕ сӕппаргӕйӕ.
Израилӕгты мыггӕгтӕй алы сӕдӕйӕ дӕр дӕс, минӕй — сӕдӕ, дӕс минӕй мин адӕймаджы равзарӕм, цӕмӕй нын не ’фсады фаг хӕринаг ӕрбахӕссой. Бениамины зӕхмӕ, Гевӕйы сахармӕ, бабырсдзыстӕм ӕмӕ йын йӕ адӕмӕй, Израил ахӕм ӕлгъаг хъуыддагӕй кӕй сӕгад кодтой, уый тыххӕй нӕ маст райсдзыстӕм».
Израилӕгтӕ иууылдӕр, иу лӕджы хуызӕн, загътой: «Мах нӕ аздӕхдзыстӕм нӕ цатыртӕм, нӕ хӕдзӕрттӕм!