Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 20:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Уӕдӕ ныр, израилӕгтӕ, ӕркӕсут ацы хъуыддагмӕ ӕмӕ исты уынаффӕ рахӕссут!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 20:7
12 Iomraidhean Croise  

Фӕндтӕ кӕнгӕйӕ, искӕимӕ уынаффӕ кӕн; тӕрхӕтты фӕстӕ тохы бацу.


Тохы куы бацӕуай, уӕд уынаффӕтӕм хъус, уынаффӕгӕнджытӕ бирӕ кӕм уа, уым — уӕлахиз.


Бӕлвырдӕй куыд фехъуыстон, афтӕмӕй уӕм ӕрцыди ахӕм ӕнӕуаг хъуыддаг, ӕмӕ суанг муртаттӕгтӕм дӕр никуыма уыди — чидӕр, дам, цӕры йӕ фыдыусимӕ.


Раппӕлинагӕй уӕм ницы ис. Армыдзаг ӕнхъизӕн хыссӕ ӕгасӕй дӕр кӕй сӕнхъизын кӕны, уый нӕ зонут, ӕви?


Рох уӕ макуы уӕнт ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнут. Уӕд уын ӕппӕт адӕмтӕ фендзысты уӕ куырыхон зонд; ацы уагӕвӕрдтӕ фехъусгӕйӕ, зӕгъдзысты: „Куыд ӕмбаргӕ ӕмӕ зондджын сты ацы стыр адӕм!“


Фӕлӕ уӕ кӕд искӕмӕн йӕ зонд фаг не ’ххӕссы, уӕд алкӕмӕн дӕр рӕдауӕй ӕмӕ ӕнӕ уайдзӕфӕй дӕттӕг Хуыцауӕй ракурӕд, — ӕмӕ йын ратдзӕн.


Израилӕгтӕ сын сӕ фӕндаггӕгтӕм ӕркастысты, фӕлӕ Дунедарӕджы нӕ бафарстой, афтӕмӕй сын сӕ хойрагӕй сахуыстой.


Уыцы хабар чидӕриддӕр федта, уыдон дзырдтой: «Израилӕгтӕ Мысырӕй куы рацыдысты, уӕдӕй нырмӕ ахӕм хабар никуыма ӕрцыди. Исты кӕнын хъӕуы!»


Израилӕгтӕ иууылдӕр, иу лӕджы хуызӕн, загътой: «Мах нӕ аздӕхдзыстӕм нӕ цатыртӕм, нӕ хӕдзӕрттӕм!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan