Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 20:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Ӕз ын йӕ мард дыууадӕс дихы акодтон ӕмӕ хӕйттӕ Израилы алы зылдмӕ дӕр арвыстон. Израилы тынг чъизи ӕмӕ ӕлгъаг хъуыддаг ӕрцыди!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 20:6
9 Iomraidhean Croise  

Уалынмӕ быдырӕй ӕрбаздӕхтысты Йаковы фырттӕ дӕр ӕмӕ, хабар куы базыдтой, уӕд зӕрдӕдзӕф фесты. Сӕ маст фыхти, уымӕн ӕмӕ Шехем бакодта ӕнаккаг ми — Йаковы чызгыл тыхӕй кӕй ныххӕцыди, уымӕй фегад кодта Израилы хӕдзар. Нӕ йын ӕмбӕлд ахӕм ӕнӕуаг ми бакӕнын.


Ахӕм хъуыддӕгтӕй уӕхи ма фӕчъизи кӕнут, уымӕн ӕмӕ уыдӕттӕй сӕхи фӕчъизи кодтой, Ӕз уӕ цурӕй кӕй сурын, уыцы адӕмтӕ.


Мӕ фӕдзӕхстытӕ Мын ӕххӕст кӕнут — ма бафӕзмут, уӕ размӕ ам цы ӕлгъаг ӕгъдӕуттыл хӕст уыдысты, уыдон, науӕд фӕчъизи уыдзыстут. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау».


Ӕлгъыстаг дзаума кӕмӕ разына, уый йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ исбон дӕр арты сыгъд ӕрцӕуӕд, Дунедарӕджы бадзырды сӕрты кӕй ахызт ӕмӕ израилӕгты ’хсӕн ӕлгъаг хъуыддаг кӕй сарӕзта, уый тыххӕй».


Уазджытӕ сӕ фӕллад уагътой. Уалынмӕ сахары цӕрджытӕ, хъахбай адӕм, хӕдзары алыварс ӕрӕмбырд сты ӕмӕ дуар батоныныл архайдтой. Уыдон зӕронд лӕгӕй, хӕдзары хицауӕй, домдтой, цӕмӕй сӕм йӕ уазӕджы ракӕна, ӕмӕ йын батых кӕной.


Хӕдзары хицау сӕм рацыд ӕмӕ сын лӕгъстӕ кодта: «Ӕфсымӕртӕ, уӕ хорзӕхӕй, ахӕм фыдракӕнд ма саразут! Мӕ уазӕг у, чъизи хъуыддаг ма бакӕнут.


Куы бахӕццӕ, уӕ фӕрӕт райста, марды буар дыууадӕс дихы акодта ӕмӕ хӕйттӕ Израилы алы зылдмӕ дӕр арвыста.


Израилӕгты мыггӕгтӕй алы сӕдӕйӕ дӕр дӕс, минӕй — сӕдӕ, дӕс минӕй мин адӕймаджы равзарӕм, цӕмӕй нын не ’фсады фаг хӕринаг ӕрбахӕссой. Бениамины зӕхмӕ, Гевӕйы сахармӕ, бабырсдзыстӕм ӕмӕ йын йӕ адӕмӕй, Израил ахӕм ӕлгъаг хъуыддагӕй кӕй сӕгад кодтой, уый тыххӕй нӕ маст райсдзыстӕм».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan