5 Ӕхсӕвы Гевӕйы цӕрджытӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ хӕдзары алыварс ӕрӕмбырд сты, хъавыдысты мӕ амарынмӕ. Мӕ номылусӕн мын батых кодтой, ӕмӕ амард.
Ахӕм хъуыддӕгтӕй уӕхи ма фӕчъизи кӕнут, уымӕн ӕмӕ уыдӕттӕй сӕхи фӕчъизи кодтой, Ӕз уӕ цурӕй кӕй сурын, уыцы адӕмтӕ.
уӕд та сахары цӕрджытӕ сылгоймаджы йӕ фыды хӕдзары дуармӕ дурты бын фӕкӕнӕнт: фӕхудинаг кодта Израилы, йӕ фыды хӕдзары хъахбай митӕ кодта. Фесафут уе ’хсӕнӕй фыддзинад!
уӕд сӕ дыууӕйы дӕр сахары кулдуары раз дурты бын фӕкӕнут: чызджы, сахары уӕвгӕйӕ, фӕдис, зӕгъгӕ, кӕй нӕ ныхъхъӕр кодта, уый тыххӕй, нӕлгоймаджы та, кӕйдӕр усаджы кӕй фӕхудинаг кодта, уый тыххӕй. Фесафут уе ’хсӕнӕй фыддзинад!
Ӕлгъыстаг дзаума кӕмӕ разына, уый йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ исбон дӕр арты сыгъд ӕрцӕуӕд, Дунедарӕджы бадзырды сӕрты кӕй ахызт ӕмӕ израилӕгты ’хсӕн ӕлгъаг хъуыддаг кӕй сарӕзта, уый тыххӕй».
Уазджытӕ сӕ фӕллад уагътой. Уалынмӕ сахары цӕрджытӕ, хъахбай адӕм, хӕдзары алыварс ӕрӕмбырд сты ӕмӕ дуар батоныныл архайдтой. Уыдон зӕронд лӕгӕй, хӕдзары хицауӕй, домдтой, цӕмӕй сӕм йӕ уазӕджы ракӕна, ӕмӕ йын батых кӕной.
Лӕг ын загъта: «Сыст, цӕугӕ кӕнӕм». Фӕлӕ дзуапп нӕ райхъуысти. Лӕг ын йӕ мард хӕрӕгыл сӕвӕрдта ӕмӕ йӕ хӕдзармӕ араст ис.
Уӕд сын левит, мард сылгоймаджы лӕг, дзуапп радта: «Ӕз мӕ номылусимӕ Бениамины зӕхмӕ, Гевӕйы сахармӕ, ӕхсӕвиуат бакӕнынмӕ бацыдтӕн.