46 Уыцы бон Бениамины байзӕддӕгтӕй ӕдӕппӕтӕй фӕхъуыди фондз ӕмӕ ссӕдз мин гӕрзифтонг лӕджы, иууылдӕр уыдысты хъӕбатыр хӕстонтӕ.
Бениамины байзӕддӕгтӕй авдсӕдӕ хӕстоны ӕрӕмбырд сты Гевӕйӕн йӕхицӕй, ӕхсӕз ӕмӕ ссӕдз мины та ӕрбацыдысты иннӕ сахартӕй.
фӕлӕ Дунедарӕг израилӕгтӕн ӕххуыс кодта Йӕхӕдӕг. Уыцы бон сын израилӕгтӕ се ’фсадӕй амардтой фондз ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз мин гӕрзифтонг хӕстоны.
Чи дзы аирвӕзти, уыдон та алыгъдысты ӕдзӕрӕг быдырмӕ, Риммоны къӕдзӕхмӕ. Фӕндӕгтыл дзы израилӕгтӕ фондз мины ныццагътой, суанг сӕ Гидомы онг фӕсырдтой ӕмӕ ма дзы ноджы дыууӕ мины амардтой.
Бениамины фӕдонтӕ алыгъдысты ӕдзӕрӕг быдырмӕ, Риммоны къӕдзӕхы цурмӕ. Ӕхсӕзсӕдӕ ма дзы аирвӕзт ӕмӕ цыппар мӕйы дӕргъы уым фембӕхстысты.
Саул ын дзуапп радта: «Ӕмӕ ӕз Израилы цыбырдӕр хӕдзарвӕндагӕй куы дӕн — Бениамины байзӕддаг. Мӕ мыггаг дӕр Бениамины хӕдзарвӕндаджы мыггӕгтӕн сӕ тӕккӕ гыццылдӕр куы у, уӕд мын уый куыд зӕгъыс?»