44 Бениамины фӕдонтӕй фӕхъуыдис ӕстдӕс мин адӕймаджы. Иууылдӕр уыдысты хъӕбатыр хӕстонтӕ.
Бениамины мыггагӕй нымад ӕрцыди ӕртын фондз мин цыппарсӕдӕ адӕймаджы.
фӕлӕ Дунедарӕг израилӕгтӕн ӕххуыс кодта Йӕхӕдӕг. Уыцы бон сын израилӕгтӕ се ’фсадӕй амардтой фондз ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз мин гӕрзифтонг хӕстоны.
Бениамины фӕдонтыл ӕртыхстысты ӕмӕ сӕ суанг ӕдзӕрӕг быдырмӕ, Гевӕйы скӕсӕнварсмӕ, фӕсырдтой.
Чи дзы аирвӕзти, уыдон та алыгъдысты ӕдзӕрӕг быдырмӕ, Риммоны къӕдзӕхмӕ. Фӕндӕгтыл дзы израилӕгтӕ фондз мины ныццагътой, суанг сӕ Гидомы онг фӕсырдтой ӕмӕ ма дзы ноджы дыууӕ мины амардтой.