Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 20:41 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

41 Израилӕгтӕ фӕстӕмӕ сахары ’рдӕм сӕ ных сарӕзтой. Бениамины хӕстонтӕ фӕтарстысты, уымӕн ӕмӕ бамбӕрстой, кӕй сӕ басастой, уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 20:41
14 Iomraidhean Croise  

Сыгъдӕгзӕрдӕйы йӕ раст зонд кӕны раст фӕндагыл, ӕнӕхуыцауы йӕ фыдбылызтӕ фесафынц.


Рӕстзӕрдӕты сӕ раст зонд фервӕзын кӕны, мӕнгӕрдтӕ та сӕ монцты уацары бахауынц.


Ӕнӕхуыцауӕн йӕ тӕригъӕд — йӕ къӕппӕг, рӕстуд та цин кӕны ӕмӕ райы.


Ӕнӕхуыцау йӕ фыдракӕндты къӕппӕджы бахауы, йӕ тӕригъӕдтӕ — йӕ ахсӕн хыз.


Сионы тӕригъӕдджынтӕ фӕтарстысты, ӕмризӕджы барызтысты ӕмӕ загътой: «Ӕнауӕрдон артӕн чи бафӕраздзӕн? Ӕнӕхуысгӕ пиллоны мидӕг цӕрын кӕй бон бауыдзӕн?»


Адӕм ӕрцӕуинаг бӕллӕхты тасӕй зӕрдӕдзӕф кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ нынкъуысдзысты уӕларвон тыхтӕ.


Уымӕн ӕмӕ адӕм афтӕ куы дзурой: «Алырдыгӕй — сабырад ӕмӕ ӕдасдзинад», уӕд, ӕнхъӕлцау сылгоймагӕн арынафон йӕ тухӕнтӕ куыд ралӕууынц, афтӕ ӕваст сӕ адзал ӕрцӕудзӕн ӕмӕ сын фервӕзыны амал нӕ уыдзӕн.


Гайы фӕдисӕттӕ фӕстӕмӕ фӕкастысты ӕмӕ, сӕ сахар куыд судзы, уый ауыдтой, йӕ фӕздӕг арвмӕ цавта. Налдӕр сын иуӕрдӕм фӕндаг уыди, налдӕр — иннӕрдӕм. Йешуаимӕ Израилы ӕфсадӕй ӕдзӕрӕг быдыры ’рдӕм ӕфсоны лыгъд чи кодта, уыдон дӕр сахары сӕрмӕ фӕздӕгӕй базыдтой, ӕмбӕхстӕй чи бадти, уыдон сахар кӕй байстой, ӕмӕ фӕстӕмӕ фездӕхтысты, сӕ сурджытыл сӕхи ныццавтой.


Уыдон та фауынц, цы не ’мбарынц, уый. Ӕрцахсынӕн ӕмӕ ӕргӕвдынӕн чи райгуырд, ахӕм ӕнӕзонд цӕрӕгойтӕй уӕлдай не сты, кӕсынц се ’рдзыхъӕды коммӕ, ӕмӕ, кӕй фехӕлдысты, уый сӕ ӕркӕндзӕни сӕфтмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan