Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 20:40 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

40 Уыцы рӕстӕг сахары сӕрмӕ фӕздӕджы къуымбил ссыди. Бениамины фӕдонтӕ фӕстӕмӕ разылдысты ӕмӕ федтой: сахар судзы, ӕмӕ йӕ фӕздӕг арвмӕ фӕцыди.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 20:40
6 Iomraidhean Croise  

Афӕлгӕсыди Содом ӕмӕ Гоморрӕйыл, стӕй ӕгас дӕлвӕзыл ӕмӕ федта: зӕхх цыма гарнайы пец фестади, уыйау дзы цыди фӕздӕг.


— Акӕсут-ма, ӕдзӕрӕг быдырӕй арты фӕздӕгау чи ссӕуы, йӕ алыварс — буд ӕмӕ миррӕйы хӕрздӕф, алы хӕрздӕфгӕнӕнтӕ судзынц йӕ разы, афтӕмӕй?


Равдисдзынӕн диссӕгтӕ арв ӕмӕ зӕххыл: туг, арт ӕмӕ фӕздӕджы къуымбилтӕ.


Гайы фӕдисӕттӕ фӕстӕмӕ фӕкастысты ӕмӕ, сӕ сахар куыд судзы, уый ауыдтой, йӕ фӕздӕг арвмӕ цавта. Налдӕр сын иуӕрдӕм фӕндаг уыди, налдӕр — иннӕрдӕм. Йешуаимӕ Израилы ӕфсадӕй ӕдзӕрӕг быдыры ’рдӕм ӕфсоны лыгъд чи кодта, уыдон дӕр сахары сӕрмӕ фӕздӕгӕй базыдтой, ӕмбӕхстӕй чи бадти, уыдон сахар кӕй байстой, ӕмӕ фӕстӕмӕ фездӕхтысты, сӕ сурджытыл сӕхи ныццавтой.


Дыккаг хатт загъдӕуыд: «Алелуйа! Йӕ фӕздӕг кӕлдзӕн мыггагӕй мыггагмӕ!»


Уыцы рӕстӕг быдырӕй фӕскуыст иу зӕронд лӕг сцӕйцыди. Уый царди Гевӕйы, фӕлӕ йӕхӕдӕг уыди Ефремы хӕхтӕй рацӕугӕ, Гевӕйы сахары та цардысты Бениамины фӕдонтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan