Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 20:32 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

32 Бениамины фӕдонтӕ цинӕй мардысты ӕмӕ хъуыды кодтой: «Уӕлахиз та кӕнӕм не знӕгтыл!» Израилӕгтӕ та фӕндӕгтыл барӕй лыгъдысты, сӕ зӕрды уыди се знӕгты сахарӕй расайын, цас дарддӕр, уыйас хуыздӕр.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 20:32
6 Iomraidhean Croise  

Ӕз та ӕгас ӕфсадимӕ баввахс уыдзынӕн сахармӕ. Гайы цӕрджытӕ та амӕй размӕйы хуызӕн нӕ ныхмӕ куы ралӕууой, уӕд лидзӕг фӕуыдзыстӕм.


Фӕсте нӕ расурдзысты, ӕмӕ сӕ афтӕмӕй сахарӕй ӕддӕмӕ расайдзыстӕм: афтӕ банхъӕлдзысты, ногӕй та фӕлидзӕг сты, зӕгъгӕ,


Бениамины фӕдонтӕ израилӕгтӕм бабырстой ӕмӕ дзӕвгар адард сты сӕ сахарӕй. Раздӕрау израилӕгты мардтой ӕмӕ сӕ, Вефил Гевӕимӕ цы фӕндаг иу кӕны, уый рӕзты бирӕ фӕсырдтой, израилӕгтӕй дӕс ӕмӕ ссӕдзы бӕрц амардтой.


Израилӕгты хӕстонтӕ Баал-Тамармӕ хӕстӕг хӕцынӕввонг рӕнхъытӕй ӕрлӕууыдысты. Гевӕйы ныгуылӕйнаг фарс цы къорд бабадти, уыдон та сӕ ных Гевӕйы ’рдӕм сарӕзтой.


уӕд израилӕгты ӕфсад фӕстӕмӕ аздӕхдзӕни, зӕгъгӕ. Бениамины фӕдонтӕ ныридӕгӕн израилӕгтӕй дӕс ӕмӕ ссӕдзы бӕрц амардтой ӕмӕ сӕм афтӕ касти, цыма та израилӕгтӕ, фыццаг хӕсты куыд уыдис, афтӕ цагъды фесты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan