Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 20:31 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

31 Бениамины фӕдонтӕ израилӕгтӕм бабырстой ӕмӕ дзӕвгар адард сты сӕ сахарӕй. Раздӕрау израилӕгты мардтой ӕмӕ сӕ, Вефил Гевӕимӕ цы фӕндаг иу кӕны, уый рӕзты бирӕ фӕсырдтой, израилӕгтӕй дӕс ӕмӕ ссӕдзы бӕрц амардтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 20:31
7 Iomraidhean Croise  

афсӕрстой комы нарӕджы ӕмӕ зӕгъынц, Гевӕйы бахсӕвиуат кӕнӕм, зӕгъгӕ. Рамайы сахайрӕгтӕ ӕмризӕджы ризынц, Саулы сахар Гевӕйы адӕм та лидзӕг фесты.


Ӕхсӕрдӕс ӕмӕ ссӕдз лӕджы амардтой, сахары кулдуарӕй сӕ дуркъахӕнты онг фӕсырдтой ӕмӕ сӕ уым хохы фахсыл фӕцагътой. Уыйадыл Израилы адӕмӕн сӕ зӕрдӕты тас бацыди, сӕ ныфс асасти.


Иунӕг лӕг дӕр нал баззад нӕдӕр Гайы, нӕдӕр Вефилы — иууылдӕр израилӕгты фӕдыл агуылф кодтой, сахары кулдуар та дзӕгъӕл ныууагътой.


Ӕртыккаг бон израилӕгтӕ ногӕй Бениамины фӕдонты ныхмӕ хӕстмӕ рацыдысты ӕмӕ, раздӕр куыд кодтой, афтӕ Гевӕйы акомкоммӕ рӕнхъытӕй ӕрлӕууыдысты.


Бениамины фӕдонтӕ цинӕй мардысты ӕмӕ хъуыды кодтой: «Уӕлахиз та кӕнӕм не знӕгтыл!» Израилӕгтӕ та фӕндӕгтыл барӕй лыгъдысты, сӕ зӕрды уыди се знӕгты сахарӕй расайын, цас дарддӕр, уыйас хуыздӕр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan