3 Израилӕгтӕ Мицпайы кӕй ӕрӕмбырд сты, уыцы хабар Бениамины фӕдонтӕ дӕр фехъуыстой. Израилӕгтӕ фарстой: «Ахӕм фыдракӕнд цы хуызы ӕрцыди?»
Зондджын фыдбылыз рагацау уыны ӕмӕ йӕхи ӕрӕмбӕхсы, ӕнӕхин та йӕ фӕндагыл ӕмраст ацӕуы ӕмӕ ӕфхӕрд баййафы.
Исчи дӕ истӕмӕй зылын кӕны, уӕд тӕрхондонмӕ фӕндагыл йемӕ ӕвӕстиатӕй бафидау, цӕмӕй дӕ тӕрхонгӕнӕгмӕ ма бакӕна, уый та дӕ хъахъхъӕнӕджы къухтӕм ма ратта ӕмӕ дӕ ахӕстоны ма баппарой.
уӕд сахары ӕппӕт цӕрджыты дӕр ныццӕгъд, ӕгас сахар ӕлгъыстаг фӕкӕн, ӕд ис, ӕд бис, суанг фосы дӕр-иу карды амӕттаг бакӕн.
Бениамины мыггагмӕ минӕвӕрттӕ арвыстой, цӕмӕй сын фехъусын кӕной: «Уӕ зӕххыл ахӕм ӕвирхъау фыдракӕнд цы хуызы ӕрцыди?
Израилӕгты фӕтӕгтӕ се ’ппӕт дӕр уыдысты уым. Уыцы ран ӕрӕмбырд сты Хуыцауы адӕм, кӕрдтӕй ифтонг хӕстонтӕ — цыппарсӕдӕ мины.
Уӕд сын левит, мард сылгоймаджы лӕг, дзуапп радта: «Ӕз мӕ номылусимӕ Бениамины зӕхмӕ, Гевӕйы сахармӕ, ӕхсӕвиуат бакӕнынмӕ бацыдтӕн.