Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 20:28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

28 йӕ разы лӕггад кодта Аароны фырты фырт, Елеазары фырт Пинхас.) Израилӕгтӕ бафарстой: «Не ’фсымӕртимӕ, Бениамины мыггагимӕ, дарддӕр хӕцӕм ӕви нӕ? Ацы хӕст бауромӕм?» Дунедарӕг сын дзуапп радта: «Хӕцут! Райсом уын Ӕз уӕлахиз ратдзынӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 20:28
21 Iomraidhean Croise  

Хуыцауы Фидыды Чырын сӕвӕрдтой ног уӕрдоныл ӕмӕ йӕ раластой Авинадавы хӕдзарӕй, уӕлкъуыбырӕй. Уӕрдон бакодтой Авинадавы фырттӕ Узза ӕмӕ Ахйойы бар. Фидыды Чырынӕн йӕ разӕй цыди Ахйо.


Фӕлӕ ацы хатт сымах нӕ хӕцдзыстут семӕ. Ӕнцад-иу лӕуут ӕмӕ кӕсут, Дунедарӕг уӕ куыд фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ. Иудейӕгтӕ ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ! Ма тӕрсут ӕмӕ тасы ма бацӕут. Райсом-иу сӕ ныхмӕ хӕцынмӕ рацӕут. Дунедарӕг уыдзӕни уемӕ».


Авишуагъ, Пинхас ӕмӕ Елеазары байзӕддаг, алчер Аароны фырт —


Аароны фырт Елеазар ракуырдта Путиелы чызджытӕй иуы, ӕмӕ йын уый ныййардта Пинхасы. Уый — Левийы артӕй уӕрст мыггӕгты хистӕртӕ.


Дунедарӕг, ӕз базыдтон, адӕймаг йӕ цардвӕндагӕн хицау кӕй нӕу, уый, фӕндаггонӕн йӕ къахдзӕфтыл йӕ бар кӕй нӕ цӕуы.


Уыцы рӕстӕджы Дунедарӕг Левийы мыггаджы фӕхицӕн кодта, цӕмӕй Фидыды Чырын хӕссой, Дунедарӕджы раз уой ӕмӕ Йын лӕггад кӕной; цӕмӕй Йӕ номӕй адӕмӕн арфӕ кӕной. Уый абоны онг дӕр афтӕ у.


Уымӕн ӕмӕ ӕппӕт мыггӕгты ’хсӕн уыдоны равзӕрста Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, цӕмӕй Йын уырдыг лӕууой ӕмӕ Йӕ номы сӕраппонд лӕггад кӕной сӕ тъымы-тъымамӕ.


Фӕлӕ уал израилӕгтӕ Рувим ӕмӕ Гады байзӕддӕгты, стӕй Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисмӕ Галаады зӕхмӕ арвыстой сауджын Елеазары фырт Пинхасы.


Амарди Аароны фырт Елеазар дӕр, ӕмӕ йӕ баныгӕдтой йӕ фырт Пинхасы сахар Гевӕйы, Ефремы хӕхты, Пинхасӕн цӕрӕнуатӕн лӕвӕрд чи ӕрцыд, уым.


Йешуа загъта: «О Дунедарӕг, Бардарӕг! Ацы адӕмы Иорданы сӕрты цӕй номыл ӕрбахизын кодтай? Аморӕгты къухтӕм раттыны ӕмӕ фесафыны тыххӕй? Фӕлтау Иорданы фале куы баззадаиккам!


Дунедарӕг сын дзуапп радта: «Иудӕйы байзӕддӕгтӕ. Ӕз сын ацы зӕхх сӕ къухмӕ дӕттын».


Уыцы рӕстӕг быдырӕй фӕскуыст иу зӕронд лӕг сцӕйцыди. Уый царди Гевӕйы, фӕлӕ йӕхӕдӕг уыди Ефремы хӕхтӕй рацӕугӕ, Гевӕйы сахары та цардысты Бениамины фӕдонтӕ.


Ӕхсӕвы Дунедарӕг Гедеонӕн загъта: «Ныццу дӕлӕмӕ ӕмӕ мидианӕгты рӕсӕнуатмӕ бабырс. Ӕз демӕ дӕн, фӕуӕлахиз сыл уыдзынӕ.


Саул бафарста Хуыцауы: «Филистимӕгты фӕдыл абырсон? Израилы къухтӕм сӕ ратдзынӕ ӕви нӕ?» Фӕлӕ йын Хуыцау уыцы бон ницы дзуапп радта.


ӕмӕ Давид Дунедарӕджы бафарста: «Уыцы абырджыты фӕсте асурон? Баййафдзынӕн сӕ?» Дунедарӕг ын загъта: «Асур сӕ! Ӕнӕмӕнг сӕ баййафдзынӕ ӕмӕ дӕ адӕмы суӕгъд кӕндзынӕ».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan