Фӕтӕгтӕ 20:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст26 Уӕд израилӕгтӕ, се ’фсад иууылдӕр, ацыдысты Вефилмӕ. Уым Дунедарӕджы раз изӕрмӕ фӕбадтысты, куыдтой ӕмӕ ком дардтой. Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ ӕрхастой. Faic an caibideil |