25 Уыдон та уыцы бон дӕр рацыдысты Гевӕйӕ ӕмӕ израилӕгтӕм бабырстой, ӕстдӕс мин гӕрзифтонг хӕстоны амардтой.
Уый ма ’рцӕуӕд, ӕмӕ Ды афтӕ бакӕнай, ӕнаххос фыдгӕнӕджы хал ахӕра! Уый ма ’рцӕуӕд! Ӕппӕт зӕххӕн Тӕрхонгӕнӕг куыннӕ хъуамӕ рахӕсса раст тӕрхон?»
Бениамин — тугдзых бирӕгъ, уый райсомӕй йӕ тӕлӕттаг хӕры, изӕры та йӕ амӕттаджы скъуыны».
Дунедарӕг раргом кодта Йӕ ирвӕзындзинад, ӕппӕт адӕмтӕн раргом кодта Йӕ рӕстад.
Гевӕйы заман цы тӕригъӕд ракодтай, уымӕй ныр стырдӕр тӕригъӕды бацыдтӕ, Израил! Фервӕзтысты уым, ӕнӕхуыцӕутты ныхмӕ хӕст куы цыди, уӕд баззадысты ӕвыдӕй.
Куыд ӕвидигӕ сты Хуыцауы хъӕздыгад, уӕлзонд ӕмӕ зонындзинӕдтӕ! Кӕй зонд аххӕсдзӕн Йӕ уынаффӕтыл, ӕмӕ Йын чи раиртасдзӕн Йӕ хъуыддӕгтӕ!
Фӕлӕ ӕнӕсӕттон кӕй дӕ ӕмӕ дӕ ӕрфӕсмон кӕнын кӕй нӕ фӕнды, уымӕй дӕхӕдӕг ноджы карздӕр кӕныс де ’фхӕрд Хуыцауы азары бон, Хуыцау Йӕ ӕнӕхӕрам тӕрхон куы раргом кӕна, уӕд.
Кӕд нӕ зылындзинад ноджы ирддӕр ӕвдисы Хуыцауы рӕстдзинад, уӕд та? Уӕд, мыййаг, Хуыцау кӕд раст нӕ уыдзӕн, Йӕ азар ныл куы ныккала, уӕд? (Адӕймаг куыд хъуыды кӕны, афтӕ дзурын.)
Бениамины фӕдонтӕ Гевӕйы сахарӕй рацыдысты ӕмӕ израилӕгты ӕфсадмӕ бабырстой, израилӕгтӕй дыууӕ ӕмӕ ссӕдз мины бӕрц амардтой.
Ӕмӕ та дыккаг бон Бениамины мыггаджы ныхмӕ хӕстмӕ рацыдысты.
Уӕд израилӕгтӕ, се ’фсад иууылдӕр, ацыдысты Вефилмӕ. Уым Дунедарӕджы раз изӕрмӕ фӕбадтысты, куыдтой ӕмӕ ком дардтой. Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ ӕрхастой.