24 Ӕмӕ та дыккаг бон Бениамины мыггаджы ныхмӕ хӕстмӕ рацыдысты.
Ацыдысты ӕмӕ изӕрмӕ Дунедарӕджы раз фӕкуыдтой, стӕй Йӕ бафарстой: «Хӕцӕм ма дарддӕр Бениамины мыггагимӕ, не ’фсымӕртимӕ?» Дунедарӕг сын дзуапп радта: «Хӕцут!»
Уыдон та уыцы бон дӕр рацыдысты Гевӕйӕ ӕмӕ израилӕгтӕм бабырстой, ӕстдӕс мин гӕрзифтонг хӕстоны амардтой.