Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 20:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Ацыдысты ӕмӕ изӕрмӕ Дунедарӕджы раз фӕкуыдтой, стӕй Йӕ бафарстой: «Хӕцӕм ма дарддӕр Бениамины мыггагимӕ, не ’фсымӕртимӕ?» Дунедарӕг сын дзуапп радта: «Хӕцут!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 20:23
14 Iomraidhean Croise  

Фӕстӕдӕр, рухс ма уыди, афтӕмӕй адӕм иууылдӕр Давидмӕ хатыдысты, цӕмӕй исты скомдзаг кӕна. Фӕлӕ Давид ард бахордта: «Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй мын ноджы фыддӕртӕ бакӕнӕд Хуыцау, ӕз хуры аныгуылдмӕ мӕ дзыхмӕ исты куы схӕссон, уӕд!»


Фӕстӕмӕ раздӕхдзынӕн Мӕ бынатмӕ, цалынмӕ сӕ азым ӕрӕмбарой ӕмӕ Мӕ ӕрцагурой, уӕдмӕ.


Йешуа йӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывта ӕмӕ ныддӕлгом ис зӕххыл Дунедарӕджы Фидыды Чырыны раз ӕмӕ афтӕмӕй баззади суанг изӕрмӕ. Израилы хистӕртӕ дӕр ӕй бафӕзмыдтой, сӕ сӕртыл рыг байзӕрстой.


Йешуа загъта: «О Дунедарӕг, Бардарӕг! Ацы адӕмы Иорданы сӕрты цӕй номыл ӕрбахизын кодтай? Аморӕгты къухтӕм раттыны ӕмӕ фесафыны тыххӕй? Фӕлтау Иорданы фале куы баззадаиккам!


Йешуайы мӕлӕты фӕстӕ израилӕгтӕ Дунедарӕджы бафарстой: «Ханааны ныхмӕ хӕцынмӕ нӕ чи акӕндзӕн?»


Израилӕгтӕ Вефилы сахармӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Хуыцауы бафарстой: «Бениамины мыггаджы ныхмӕ нӕ хӕстмӕ чи акӕндзӕн?» Дунедарӕг сын дзуапп радта: «Иудӕ ацӕудзӕни уӕ разӕй».


Израилӕгтӕ сӕ тыхтӕ ӕрбамбырд кодтой ӕмӕ та сӕ раздӕры бынаты рӕнхъытӕй ӕрлӕууыдысты.


Ӕмӕ та дыккаг бон Бениамины мыггаджы ныхмӕ хӕстмӕ рацыдысты.


Уый фӕстӕ адӕм ацыдысты Вефилмӕ ӕмӕ бон-изӕрмӕ Дунедарӕджы раз хъӕрӕй фӕкуыдтой. Уыдон дзырдтой:


Уырдыгӕй ацӕудзынӕ дарддӕр ӕмӕ бахӕццӕ уыдзынӕ Фаворы Тулдзмӕ. Уым дыл амбӕлдзысты Вефилы кувӕн къуыбырмӕ, Хуыцаумӕ цӕуӕг ӕртӕ лӕджы. Иумӕ дзы уыдзӕнис ӕртӕ сӕныччы, иннӕмӕ — ӕртӕ дзулы гуыдыны, ӕртыккагмӕ — сӕны лалым.


Минӕвӕрттӕ Саулы сахар Гевӕмӕ бацыдысты. Адӕмӕн Нахашы ныхӕстӕ куы рафӕзмыдтой, уӕд адӕм иууылдӕр сӕ хъӕлӕсы дзаг ныккуыдтой.


Израилӕгтӕ ӕрӕмбырд сты Мицпамӕ, ӕвгӕдтой дон ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы раз калдтой. Уыцы бон уым ком фӕдардтой ӕмӕ фӕсмонӕй сӕхи хордтой: «Дунедарӕджы раз фӕтӕригъӕдджын стӕм». Самуел Мицпайы сси израилӕгты фӕтӕг.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan