22 Израилӕгтӕ сӕ тыхтӕ ӕрбамбырд кодтой ӕмӕ та сӕ раздӕры бынаты рӕнхъытӕй ӕрлӕууыдысты.
Давид ӕрвыст лӕгӕн загъта: «Уӕдӕ зӕгъ Йоавӕн: „Цы ’рцыди, уый тыххӕй дӕхимӕ ма ныхъхъус. Цирхъ, кӕй йӕ фӕнды, уый бабын кӕны. Фӕкарздӕр кӕн дӕ тох ӕмӕ уыцы сахар ныффалгӕрон кӕн“. Афтӕ йын фӕфидар кӕн йӕ зӕрдӕ».
Тӕхудиаг у, Ды кӕй равзӕрстай, Дӕхимӕ кӕй ӕрбаввахс кодтай, уый. Дӕ уаз Кувӕндоны, Дӕ хӕдзары мах амондджын уыдзыстӕм.
Бениамины байзӕддӕгтӕй авдсӕдӕ хӕстоны ӕрӕмбырд сты Гевӕйӕн йӕхицӕй, ӕхсӕз ӕмӕ ссӕдз мины та ӕрбацыдысты иннӕ сахартӕй.
Израилӕгтӕ та, Бениамины мыггаджы нӕ нымайгӕйӕ, уыдысты цыппарсӕдӕ мины бӕрц. Иууылдӕр — фӕлтӕрд хӕстонтӕ.
Бениамины фӕдонтӕ Гевӕйы сахарӕй рацыдысты ӕмӕ израилӕгты ӕфсадмӕ бабырстой, израилӕгтӕй дыууӕ ӕмӕ ссӕдз мины бӕрц амардтой.
Ацыдысты ӕмӕ изӕрмӕ Дунедарӕджы раз фӕкуыдтой, стӕй Йӕ бафарстой: «Хӕцӕм ма дарддӕр Бениамины мыггагимӕ, не ’фсымӕртимӕ?» Дунедарӕг сын дзуапп радта: «Хӕцут!»
Давидӕн йӕ сӕр бынтондӕр уынгӕджы фӕци. Сӕ цоты тыххӕй йӕм адӕм смӕсты сты ӕмӕ йӕ дурты бын фӕкӕнынмӕ хъавыдысты. Фӕлӕ Давид ныфсджын уыди Дунедарӕгӕй, йӕ Хуыцауӕй, ӕмӕ загъта сауджын Авиафарӕн, Ахимелехы фыртӕн: «Ӕрбахӕсс-ма мын ефод». Авиафар ӕм ӕрбахаста ефод,