Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 20:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Израилӕгты фӕтӕгтӕ се ’ппӕт дӕр уыдысты уым. Уыцы ран ӕрӕмбырд сты Хуыцауы адӕм, кӕрдтӕй ифтонг хӕстонтӕ — цыппарсӕдӕ мины.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 20:2
9 Iomraidhean Croise  

Сылгоймаг загъта: «Дӕхӕдӕг Хуыцауы адӕмы ныхмӕ цӕмӕн архайыс? Паддзах йӕ уынаффӕйӕ йӕхи азымджын кӕны, уымӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг, кӕй атардта, уыцы фырты фӕстӕмӕ не ’рбаздӕхта.


Йоав адӕмы сфысты хыгъд паддзахмӕ радта. Израилӕгтӕм кардӕй хӕцынхъом лӕгтӕ разынди астсӕдӕ мины, иудейӕгтӕм та — фондзсӕдӕ мины.


Моавӕгты паддзах уыдта, йӕ бон ницыуал у, уый ӕмӕ, йемӕ авдсӕдӕ ӕрдынджыны, афтӕмӕй бафӕлвӕрдта Едомы ӕфсады рӕнхъытӕ батоныныл ӕмӕ аирвӕзыныл, фӕлӕ йын дзы ницы рауад.


Ӕмӕ Израилы дзыллӕ иууылдӕр ӕрӕмбырд сты Силомы, цӕмӕй сӕ ныхмӕ хӕстмӕ рацӕуой.


Бениамины байзӕддӕгтӕй авдсӕдӕ хӕстоны ӕрӕмбырд сты Гевӕйӕн йӕхицӕй, ӕхсӕз ӕмӕ ссӕдз мины та ӕрбацыдысты иннӕ сахартӕй.


Израилӕгтӕ та, Бениамины мыггаджы нӕ нымайгӕйӕ, уыдысты цыппарсӕдӕ мины бӕрц. Иууылдӕр — фӕлтӕрд хӕстонтӕ.


Израилӕгтӕ Мицпайы кӕй ӕрӕмбырд сты, уыцы хабар Бениамины фӕдонтӕ дӕр фехъуыстой. Израилӕгтӕ фарстой: «Ахӕм фыдракӕнд цы хуызы ӕрцыди?»


Зевах ӕмӕ Цалмуннӕ фынддӕс мин хӕстонимӕ ӕрбынат кодтой Каркоры. Скӕсӕйнаг знӕмты ӕфсадӕй ма ӕрмӕстдӕр уый бӕрц баззади, ӕхсӕзыссӕдз мины дзы хӕсты фӕмард сты.


Саул сӕ Безекы банымадта, ӕмӕ уыдысты: Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕй ӕртӕсӕдӕ мин лӕджы, Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй — дӕс ӕмӕ ссӕдз мины.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan