19 Райсомӕй израилӕгтӕ Гевӕмӕ хӕстӕг рӕсӕнуат скодтой.
Сӕумӕраджы Йешуа ӕппӕт израилӕгтимӕ Ситтимӕй рараст Иорданы былгӕронмӕ ӕмӕ уым ӕрбынат кодтой фаллаг фарсмӕ бахизыны размӕ.
Авд сауджыны, алкӕмӕн дӕр йӕ сыкъауадындз йӕ къухы, афтӕмӕй, сыкъауадындзтӕй уасгӕйӕ, Дунедарӕджы Фидыды Чырыны разӕй араст сты. Уыдоны разӕй цыдысты гӕрзифтонг хӕстонтӕ, Фидыды Чырыны фӕдыл та, цӕуджытӕн се ’ппӕты фӕсте — хӕстонты иннӕ къорд; сыкъауадындзтӕ уасыдысты ӕнӕрӕнцойӕ.
Йешуа сӕумӕйӕ Израилы адӕмӕн бардзырд радта, хӕдзарвӕндаггай куыд ӕрбалӕууой, ӕмӕ бацамындӕуыд Иудӕйы хӕдзарвӕндагмӕ.
Израилӕгтӕ Вефилы сахармӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Хуыцауы бафарстой: «Бениамины мыггаджы ныхмӕ нӕ хӕстмӕ чи акӕндзӕн?» Дунедарӕг сын дзуапп радта: «Иудӕ ацӕудзӕни уӕ разӕй».
Бениамины мыггаджы ныхмӕ хӕстмӕ рацыдысты ӕмӕ Гевӕйы акомкоммӕ хӕстон рӕнхъытӕй ӕрлӕууыдысты.