Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 20:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Израилӕгтӕ Вефилы сахармӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Хуыцауы бафарстой: «Бениамины мыггаджы ныхмӕ нӕ хӕстмӕ чи акӕндзӕн?» Дунедарӕг сын дзуапп радта: «Иудӕ ацӕудзӕни уӕ разӕй».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 20:18
15 Iomraidhean Croise  

Комдарӕн бон снысан кӕнут, фехъусын кӕнут, кадджын ӕмбырд кӕй уыдзӕнис, уый. Ацы бӕстӕйы хистӕрты ӕмӕ йе ’ппӕт цӕрджыты уӕ Дунедарӕг Хуыцауы хӕдзары ӕрӕмбырд кӕнут ӕмӕ Дунедарӕгмӕ кувут хъӕрӕй!»


Ӕмӕ-иу бацӕуӕд уый сауджын Елеазары размӕ, цӕмӕй йын уый уримы фӕрцы Дунедарӕджы бафӕрса. Дунедарӕджы ныхасмӕ гӕсгӕ цӕудзысты фӕндагыл, Дунедарӕджы ныхасмӕ гӕсгӕ здӕхдзысты фӕстӕмӕ — Йешуа ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕ, ӕгас дзыллӕ».


Ӕмӕ сын Моисей сӕ хъуыддаг Дунедарӕджы раз бавдыста.


Израилы адӕм ӕрӕмбырд сты Силомы ӕмӕ уым ӕрӕвӕрдтой Хуыцауимӕ Фембӕлды Цатыр. Уӕдмӕ бӕстӕ иууылдӕр сӕ къухы уыд.


Израилӕгтӕ сын сӕ фӕндаггӕгтӕм ӕркастысты, фӕлӕ Дунедарӕджы нӕ бафарстой, афтӕмӕй сын сӕ хойрагӕй сахуыстой.


Уыдон, Миха кӕй сарӕзта, уыцы кӕрдгӕныв сӕхимӕ сӕвӕрдтой, ӕмӕ, цалынмӕ Хуыцауы хӕдзар Силомы уыди, уӕдмӕ уыдис уыдонмӕ.


Уый йын дзуапп радта: «Мах иудейаг Вифлеемӕй цӕуӕм Ефремы хӕхты фаллаг фарсмӕ, ӕз уырдыгон дӕн. Уыдтӕн иудейаг Вифлеемы ӕмӕ ныр цӕуын нӕхимӕ. Йӕ хӕдзармӕ мӕ ничи хоны.


Израилӕгтӕ та, Бениамины мыггаджы нӕ нымайгӕйӕ, уыдысты цыппарсӕдӕ мины бӕрц. Иууылдӕр — фӕлтӕрд хӕстонтӕ.


Райсомӕй израилӕгтӕ Гевӕмӕ хӕстӕг рӕсӕнуат скодтой.


Ацыдысты ӕмӕ изӕрмӕ Дунедарӕджы раз фӕкуыдтой, стӕй Йӕ бафарстой: «Хӕцӕм ма дарддӕр Бениамины мыггагимӕ, не ’фсымӕртимӕ?» Дунедарӕг сын дзуапп радта: «Хӕцут!»


Уӕдӕ ныр, израилӕгтӕ, ӕркӕсут ацы хъуыддагмӕ ӕмӕ исты уынаффӕ рахӕссут!»


Уырдыгӕй ацӕудзынӕ дарддӕр ӕмӕ бахӕццӕ уыдзынӕ Фаворы Тулдзмӕ. Уым дыл амбӕлдзысты Вефилы кувӕн къуыбырмӕ, Хуыцаумӕ цӕуӕг ӕртӕ лӕджы. Иумӕ дзы уыдзӕнис ӕртӕ сӕныччы, иннӕмӕ — ӕртӕ дзулы гуыдыны, ӕртыккагмӕ — сӕны лалым.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan