16 Гевӕйаг авдсӕдӕ хӕстоны уыдысты фӕлтӕрд галиуӕгтӕ. Уыдонӕй иу дӕр, дурӕхсӕнӕй ӕрдуйыл дур фехсгӕйӕ, никуы фӕивгъуыдта.
сӕ рахиз ӕмӕ сӕ галиу къухтӕй дурадзагъд самадтой, фӕттӕ ӕхстой ӕрдынтӕй. Уыдон уыдысты Саулы ӕрвадӕлтӕй, Бениамины хӕдзарвӕндагӕй:
Озиа йе ’ппӕт ӕфсадӕн дӕр ӕрцӕттӕ кодта уартытӕ, ӕрцытӕ, такатӕ, згъӕрхӕдӕттӕ, ӕрдынтӕ ӕмӕ дуртӕ дурӕхсӕнтӕн.
Израилӕгтӕ та, Бениамины мыггаджы нӕ нымайгӕйӕ, уыдысты цыппарсӕдӕ мины бӕрц. Иууылдӕр — фӕлтӕрд хӕстонтӕ.
Ӕстдӕс азы фӕстӕ Дунедарӕгмӕ скуывтой, ӕмӕ та сын се ’хсӕнӕй ног фӕтӕджы сӕвзӕрста. Уый уыди Герайы фырт Ехуд, Бениамины хӕдзарвӕндагӕй. Ехуд уыди галиуӕг. Израилӕгтӕ йӕ Моавы паддзах Еглонмӕ хъалонимӕ куы арвыстой,
райста йӕ лӕдзӕг, тӕрфы бын бацагуырдта фондз лӕгъз дуры ӕмӕ сӕ йӕ фыййауы хызыны нывӕрдта. Стӕй, йӕ къухы зилгӕ дурӕхсӕн, афтӕмӕй филистимаджы ныхмӕ рацыди.
Исчи дӕ фӕдыл куы зила ӕмӕ дӕ марынмӕ куы хъава, уӕд дӕр Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, зынаргъ дурау бахъахъхъӕндзӕн ме ’лдары уд, де знӕгты удтӕ та дын дурӕхсӕнӕй ӕхсӕгау фехсдзӕн.