14 Сӕ алы сахартӕй Гевӕйы ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй Израилы ныхмӕ стох кӕной.
Йоровам иудейӕгтӕн сӕ фӕсчъылдыммӕ йе ’фсады иу къорд барвыста, йӕхӕдӕг та сӕ ныхмӕ лӕууыд.
Фӕлӕ уыдон загътой: «Нӕ ацӕудзыстут нӕ зӕххыл!» Ӕмӕ гӕрзифтонг стыр ӕфсадӕй сӕ ныхмӕ ралӕууыдысты.
Фӕлӕ Сигон Израилӕн йӕ зӕххыл ацӕуыны бар нӕ радта; ӕрбамбырд кодта йе ’ппӕт адӕмы ӕмӕ Израилы ныхмӕ ӕдзӕрӕг быдырмӕ рацыд. Йахацмӕ бахӕццӕ ӕмӕ Израилимӕ схӕцыд.
Гевӕйы фыдгӕнджыты нын раттут, ӕмӕ сӕ амарӕм, цӕмӕй Израилы зӕххыл ӕлгъагӕй мацыуал баззайа!» Бениамины фӕдонтӕ се ’фсымӕрты, израилӕгты ныхӕстӕ ницӕмӕ ӕрдардтой.
Бениамины байзӕддӕгтӕй авдсӕдӕ хӕстоны ӕрӕмбырд сты Гевӕйӕн йӕхицӕй, ӕхсӕз ӕмӕ ссӕдз мины та ӕрбацыдысты иннӕ сахартӕй.