6 Йешуа адӕмы ауагъта, ӕмӕ израилӕгтӕ сӕ зӕххы хӕйттӕм раздӕхтысты. Уыцы зӕхх сӕхи бацис.
Уый фӕстӕ сын Йешуа раарфӕ кодта ӕмӕ сӕ ауагъта, ӕмӕ сӕ алчи йӕ хӕдзармӕ аздӕхт.
Уыцы бынат Бохим, зӕгъгӕ, уымӕн схуыдтой. Уыцы ран израилӕгтӕ Дунедарӕгӕн нывонд ӕрхастой.
Йешуайы заман дӕр ӕмӕ, йӕ фӕстӕ чи рацард, Дунедарӕг Израилы сӕраппонд цы стыр хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдон йӕхи цӕстӕй чи федта, уыцы хистӕрты заман дӕр израилӕгтӕ ӕнувыдӕй лӕггад кодтой Дунедарӕгӕн.