21 уӕд Ӕз дӕр, Нуны фырт Йешуайы мӕлӕты фӕстӕ ма ацы ран цы адӕмтӕ баззад, уыдонӕй иуы дӕр нал фӕсурдзынӕн».
Уымӕн ӕмӕ Мын не ’ххӕст кодтой Мӕ амындтытӕ, суӕлӕхох сты Мӕ уагӕвӕрдтыл ӕмӕ фӕчъизи кодтой Мӕ сабӕттӕ. Се ’ргом аздӕхтой, сӕ фыдӕлтӕ кӕмӕ куывтой, уыцы гуымирытӕм.
уӕд ӕй зонут: Дунедарӕг уын, уӕ Хуыцау, ацы адӕмты нал фӕсурдзӕни уӕ цурӕй, фӕлӕ уын басгуыхдзысты хурхыл ӕвӕрд бӕндӕн ӕмӕ хыз, уӕ фӕрсчытӕ нӕмӕн уис ӕмӕ уӕ цӕстыты ныхсӕг сындз, цалынмӕ уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, цы алӕмӕты зӕхх балӕвар кодта, уымӕй тард не ’рцӕуат, уӕдмӕ.
Гъемӕ уын ӕз халӕппӕрстӕй уӕ хӕдзарвӕндӕгтӕн исбонӕн байуӕрстон, ардыгон адӕмтӕй ма сӕрӕгас чи у, уыдоны зӕххытӕ, Иорданӕй хурныгуылӕнӕрдӕм — суанг Стыр денджызы онг (уыимӕ, цы адӕмты ныццагътон, уыдоны зӕххытӕ дӕр).
Уӕ цурӕй уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕхӕдӕг фӕсурдзӕни уыцы адӕмты, ныффалгӕрон сӕ кӕндзӕн, ӕмӕ сын сӕ зӕххытӕ уӕхицӕн фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн райсдзыстут, йӕ заманы уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ.
Йешуайы мӕлӕты фӕстӕ израилӕгтӕ Дунедарӕджы бафарстой: «Ханааны ныхмӕ хӕцынмӕ нӕ чи акӕндзӕн?»
Ныр Ӕз, уӕ алыварс цы адӕмтӕ цӕры, уыдоны уӕ разӕй нал фӕсурдзынӕн. Уыдон суыдзысты уӕ къӕппӕджытӕ, сӕ хуыцӕуттӕ та — уӕ ахсӕн хызтӕ.
Ханааны ныхмӕ чи нӕ хӕцыд, уыцы израилӕгты бафӕлварынӕн Дунедарӕг ныууагъта мӕнӕ ацы адӕмты (уадзгӕ та сӕ уымӕн ныккодта, цӕмӕй, хӕсты чи нӕ архайдта, Израилы уыцы фӕлтӕртӕ хӕстон дӕсныйадыл сахуыр уой).
Уыдон уыдысты филистимӕгты фондз ӕлдарады, стӕй Ливаны хӕхты, Баал-Хермонӕй Лево-Хаматы онг чи царди, уыцы ханаанӕгтӕ, сидойнӕгтӕ ӕмӕ хиввӕгтӕ се ’ппӕт дӕр.