Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Фӕтӕгтӕ 2:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 фӕлӕ сымах дӕр ацы бӕстӕйы цӕрджытимӕ ма бафидаут, ныппырх сын кӕнут сӕ нывондхӕссӕнтӕ». Фӕлӕ Мӕм нӕ байхъуыстат. Уый цы бакодтат?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Фӕтӕгтӕ 2:2
29 Iomraidhean Croise  

Уӕд фараон басидт Авраммӕ ӕмӕ йын загъта: «Уый мын цы бакуыстай? Дӕ ус кӕй у, уый цӕмӕн басусӕг кодтай?


Дунедарӕг та бафарста: «Уый цы бакуыстай? Де ’фсымӕры туг дыл зӕххӕй ӕвдисӕн кӕны.


Моисей Аароны фӕрсы: «Ацы адӕм дын цы ракодтой, цӕмӕн сӕ баппӕрстай ахӕм стыр тӕригъӕды?»


Цӕмӕн цӕуыс ныр Мысырмӕ, Нилы донӕй нуазынмӕ? Цӕмӕн лидзыс Ассиримӕ, Евфраты донӕй нуазынмӕ?


Ӕппынӕдзух цӕмӕн тындзыс кӕдӕмдӕр, дӕ фӕндӕгтӕ цӕмӕн ивыс? Ассири дӕ сӕгад кодта, Мысыр дӕр дӕ фӕхудинаг кӕндзӕн,


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Уӕ фыдӕлтӕ Мӕм цавӕр азым ссардтой, цӕмӕн адард сты Мӕнӕй? Уыдон мӕнгдзинады фӕдыл ацыдысты ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр смӕнг сты.


Ӕмӕ ныццӕгъддзыстут, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ къухмӕ кӕй дӕтты, ӕппӕт уыцы адӕмты. Ма сын фӕтӕригъӕд кӕнут ӕмӕ сын сӕ хуыцӕуттӕн ма лӕггад кӕнут — цъысымы бахаудзыстут.


Йӕ маст райсдзӕни, Хуыцауы чи нӕ зоны ӕмӕ нӕ Бардарӕг Йесойы Фарны Уацы коммӕ чи нӕ кӕсы, уыдонӕй.


Израилӕгтӕ хиввӕгтӕн загътой: «Куыд хъуамӕ саразӕм уемӕ бадзырд? Уӕд та, мыййаг, нӕ зӕххыл цӕрут?»


Уымӕн ӕмӕ ралӕууыд Тӕрхоны рӕстӕг. Ӕмӕ райдайдзӕн Хуыцауы хӕдзарӕй. Уӕдӕ кӕд тӕрхон махӕй райдайдзӕн, уӕд Хуыцауы Фарны Уацӕн чи нӕ сӕтты, уыдонӕн та сӕ кӕрон цавӕр уыдзӕн?


Дунедарӕг Израилмӕ тынг смӕсты ис ӕмӕ загъта: «Кӕд ацы адӕм, сӕ фыдӕлтимӕ сын цы фидыд сарӕзтон, уый халынц ӕмӕ Мӕм нӕ хъусынц,


Ӕз уын загътон: «Уӕ Хуыцау Ӕз дӕн, Дунедарӕг, ма лӕггад кӕнут, кӕй зӕххыл цӕрут, уыцы аморӕгты хуыцӕуттӕн». Фӕлӕ Мӕм сымах нӕ байхъуыстат.


уӕд сӕм Уый пехуымпары рарвыста. Пехуымпар израилӕгтӕн фехъусын кодта: — Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: Ӕз уӕ ракодтон Мысырӕй,


Утӕппӕт сыгъзӕринӕй Гедеон саразын кодта ефод ӕмӕ йӕ сӕвӕрдта йӕ сахары, Офрайы. Израилӕгтӕ йын табу кӕнын райдыдтой ӕмӕ мӕнг хуыцӕутты фӕдыл ацыдысты. Гедеон ӕмӕ йӕ мыггагӕн ефод сси сӕ ахсӕн хыз.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan