14 Дунедарӕг сыл абырджыты сагъуыйын кодта, ӕмӕ сӕ стыгътой. Сӕ алыварс цӕрӕг знӕгты къухтӕм сӕ радта, ӕмӕ израилӕгтӕн сӕ ныхмӕ хӕцын сӕ бон нал уыди.
Дунедарӕджы маст та ссыгъди израилӕгтӕм ӕмӕ сын Давиды сӕ ныхмӕ сардыдта. Загъта йын: «Цу ӕмӕ банымай Израил ӕмӕ Иудӕйы».
Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, сӕ сӕргъы тӕрхоны лӕгтӕ куы ӕвӕрдтон, уыцы заман куыд уыди, афтӕ. Ӕз дӕ сӕдас кӕндзынӕн уе ’ппӕт знӕгтӕй дӕр. Дунедарӕг дын зӕгъы, дӕуӕн Уый Йӕхӕдӕг кӕй сараздзӕни хӕдзар.
Дунедарӕгӕн Йӕ маст ссыгъд Израилы адӕммӕ ӕмӕ сӕ Йоахазы заман Арамы паддзах Хазаелы къухмӕ радта, фӕстӕдӕр та сыл Хазаелы фырт Бен-Хадады ӕфсондз сӕвӕрдта.
Ӕмӕ Дунедарӕг Йӕхи атигъ кодта Израилы ӕппӕт байзӕддагыл дӕр. Ӕрӕлхъывта сӕ, ӕцӕгӕлон адӕмтӕн-иу сӕ бастигъын кодта. Ӕппынфӕстаг сӕ фӕсырдта Йӕ цурӕй.
Уыцы заманты балцы цӕуын тӕссаг уыд, ӕппӕт бӕстӕты адӕмтӕ стыр тасы бацыдысты.
Ӕмӕ йӕ Дунедарӕг, йӕ Хуыцау, сириӕгты паддзахы къухтӕм радта. Уыдон ӕй ныддӕрӕн кодтой, йӕ адӕмӕй йын бирӕты уацары райстой ӕмӕ сӕ акодтой Дамаскмӕ. Уый фӕстӕ Дунедарӕг Ахазы радта Израилы паддзахы къухмӕ, ӕмӕ йын уый уӕззау цӕфтӕ ныккодта.
Фӕлӕ Йын уыдон хынджылӕг кодтой Йӕ минӕвӕрттӕй, ӕлгъ кодтой Йӕ ныхӕстыл ӕмӕ Йын Йӕ пехуымпартыл худтысты, цалынмӕ сӕм Дунедарӕджы маст рафыхти, уӕдмӕ, ӕмӕ сын уӕд фервӕзыны хос нал уыди.
Ды сӕ фыдгулты къухмӕ радтай, ӕмӕ сӕ уыдон уынгӕг кодтой. Фӕлӕ-иу удаистӕй Дӕумӕ куы сдзынӕзтой, уӕд та-иу сӕм Ды уӕларвӕй ӕрыхъуыстай, Де стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ-иу сын ирвӕзынгӕнджытӕ ӕрӕрвыстай ӕмӕ та-иу сӕ уыдон се знӕгты къухӕй ирвӕзын кодтой.
Байхъус, чызг, кӕс ӕмӕ хъус лӕмбынӕг, ферох кӕн дӕ адӕмы, дӕ фыды хӕдзар.
Паддзах бабӕлдзӕни дӕ рӕсугъддзинадмӕ; Уый у дӕ Бардарӕг, ӕмӕ Йын бакув.
Стигъджыты ӕмӕ абырджыты амӕттаг чи бакодта Израилы адӕмы, Йаковы байзӕддаджы? Уый Дунедарӕг уыд! — Йӕ разы кодтам тӕригъӕдджын митӕ. Йӕ амынд фӕндӕгтыл нӕ цыдыстӕм, Йе ’гъдау Ын не ’ххӕст кодтам.
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Кӕд уын Ӕз уӕ мады арвыстон, уӕд кӕм ис йӕ ахицӕны фыстӕг? Кӕд уӕ Ӕз ауӕй кодтон, уӕд-ма Мын бацамонут, кӕмӕй цы хӕсджын дӕн, цӕмӕй йын сымах ауӕй кӕнон! Уӕдӕмӕ сымах уӕ тӕригъӕдтӕ, уӕ фыдракӕндты тыххӕй уӕйгонд ӕрцыдыстут.
Уӕ ныхмӕ цы халдейӕгты ӕфсад хӕцы, ууыл куы фӕуӕлахиз уыдаиккат ӕмӕ ма сӕм ӕрмӕст, чи фӕцӕф ис, ахӕм хӕстонтӕ куы баззадаид, уӕд уыдон дӕр рацыдаиккой сӕ цатыртӕй ӕмӕ ацы сахар басыгътаиккой».
Мӕ азары хай уӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ уыл уе знӕгтӕ фӕуӕлахиз уыдзысты; ӕлдариуӕг уын кӕндзысты, ӕмӕ уӕ сургӕ ничи кӕндзӕн, афтӕмӕй лидздзыстут.
уӕд уӕ, фыр мӕстӕй судзгӕйӕ, авд хатты карздӕр бафхӕрдзынӕн уӕ тӕригъӕдты тыххӕй.
Ӕмӕ рафыхти Дунедарӕджы маст израилӕгтӕм, ӕмӕ сӕ дыууиссӕдз азы ӕдзӕрӕг быдыры фӕракӕн-бакӕн кодта, цалынмӕ, Дунедарӕджы цӕсты фыдгӕнӕг чи уыди, уыдоны мыггаг сыскъуыди, уӕдмӕ.
Ӕмӕ мӕнӕ ныр уӕ фыдӕлты бынаты ралӕууыдыстут сымах, тӕригъӕдджынты бардз, цӕмӕй та Дунедарӕджы маст израилӕгтӕм рафыца.
Дунедарӕджы ӕлгъыст дӕ баййафдзӕн ӕмӕ, цӕмӕдӕриддӕр бавналай, дӕ къухты алы фыдӕбон дӕр дын уыдзӕн маст ӕмӕ фыдбылызы хос. Дӕ фыдракӕндты аххосӕй, Мӕныл дӕхи кӕй атигъ кодтай, уый тыххӕй рӕхджы фесӕфдзынӕ, мыггагыскъуыд фӕуыдзынӕ.
Дунедарӕг уӕ лидзӕг фӕкӕндзӕни уе знӕгты разӕй: иу фӕндагыл сӕ ныхмӕ ралӕудзыстут, авд фӕндагыл та сӕ разӕй лидздзыстут. Уӕ хъысмӕтӕй ӕппӕт дунейы адӕмтӕ дӕр ныккӕрздзысты.
Ацы чиныг цы Ӕгъдауыл дзуры, уый бӕстон куынӕ ӕххӕст кӕнат ӕмӕ Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, куынӕ тӕрсат,
Сӕ Хъахъхъӕнӕджы куынӕ бафӕндыдаид, Дунедарӕг сӕ куынӕ раттаид, уӕд ма искуыдӕр афтӕ уыдис, ӕмӕ иу адӕймаг мины йӕ разӕй айса, дыууӕйӕ та дӕс мины лидзӕг фӕкӕной?“
Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, фӕдзӕхст куы ницӕмӕ ӕрдарат, уемӕ цӕуыл бафидыдта, уый сӕрты куы ахизат ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ кувын куы райдайат, уӕд уӕ Дунедарӕджы азар басудздзӕн, ӕмӕ рӕхджы бон уӕ кой, уӕ хъӕр дӕр нал уыдзӕни, цы алӕмӕты зӕхх уын балӕвар кодта, ууыл».
Дунедарӕг уыди Иудӕйы фарс, ӕмӕ хӕхты цӕрӕг адӕмтыл фӕуӕлахиз сты, фӕлӕ дӕлвӕзы чи цард, уыдоны нӕ басастой, уымӕн ӕмӕ сӕм уыди ӕфсӕн уӕрдӕттӕ.
Даны фӕдонты аморӕгтӕ хӕхты ’рдӕм ассӕстой ӕмӕ сӕ дӕлвӕзмӕ ӕрцӕуын нӕ уагътой, Данӕн та йӕ зӕххы хай дӕлвӕзы уыди.
Дунедарӕг смӕсты ис Израилмӕ ӕмӕ сӕ филистимӕгтӕ ӕмӕ аммонӕгты къухмӕ радта.
Дунедарӕг Израилмӕ тынг смӕсты ис ӕмӕ загъта: «Кӕд ацы адӕм, сӕ фыдӕлтимӕ сын цы фидыд сарӕзтон, уый халынц ӕмӕ Мӕм нӕ хъусынц,
Израилӕгтӕ та ногӕй Дунедарӕджы сӕ митӕй мӕсты кӕнын райдыдтой. Уӕд Дунедарӕг афтӕ бакодта, ӕмӕ Моавы паддзах Еглон израилӕгтыл фӕуӕлахиз.
ӕмӕ сӕ Дунедарӕг ханаанаг паддзах Йавины къухмӕ радта, уый хицауиуӕг кодта Хацоры сахары. Йавинӕн йе ’фсады хицау хуынди Сисера, царди Харошет-Гоимы.