8 Фӕндзӕм бон сӕумӕрайсом левит йӕхи срӕвдз кодта, фӕлӕ та йӕм йӕ каис ныххатыди, бахӕр, зӕгъгӕ, ӕмӕ изӕрмӕ фынджы уӕлхъус фӕбадтысты.
«Ма хъыгдарут Мӕ байсӕрстыты, мӕ пехуымпартӕн ӕвзӕрӕй мацы ракӕнут».
Цыппӕрӕм бон сӕумӕрайсом левит йӕхи фӕндагмӕ срӕвдз кодта. Йӕ каис ын загъта: «Цӕуыны размӕ уал иу чысыл исты ахӕр».
Левит цӕуынмӕ хъавыди, фӕлӕ йын йӕ каис тынг балӕгъстӕ кодта, ӕмӕ ма иу ӕхсӕв баззади.
Уый фӕстӕ левит йӕ номылус ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕгимӕ йӕхи фӕндагмӕ цӕттӕ кӕнын байдыдта. Йӕ каис та йын загъта: «Акӕс-ма, изӕрдалынгтӕ кӕны, ахсӕв ам лӕуу! Баулӕф ӕмӕ райсом сӕумӕцъӕхӕй ацӕудзыстут уӕ хӕдзармӕ».